Мамука Бахтадзе  Монреалы  Америкæйы æхсæнадæмон экономикон форумы  президентимæ фембæлд
Мамука Бахтадзе Монреалы Америкæйы æхсæнадæмон экономикон форумы президентимæ фембæлд

Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе  Монреалы  Америкæйы æхсæнадæмон экономикон форумы  президентимæ фембæлд.

Николас  Ремилард  Мамука Бахтадзейæн, форумы хайад райсыны тыххæй   раарфæ  кодта æмæ   банысан кодта, цæмæй   премьер-министры   ралæуд, Гуырдзыстоны инвестирдзинадæй  цымидисджын  бизнесментæн  нысаниуæгджын æрвитæггаг уыдзæн.

Фембæлды рæстæджы  хицауады сæргълæууæг фæныхас кодта   Гуырдзыстоны  уæвæг  инвестицион  æрдзыл,  авторитетон æхсæнадæмон  институтты рейтингы   бæстæйы   раздзог  позицитыл æмæ  технологиты æмæ  инновациты  экосистемæйы  рапарахаты æрдæм  плангонд къахдзæфтыл.

Гуырдзыстоны премьер-министр  Канадайы  сахар Монреалы,  Америкæйы æхсæнадæмон  экономикон  форумы  конференцийы  исы  хайад.   Мамука Бахтадзе, байгомы  сессийы   хайадисджытæм  баздæхдзæн æмæ   баиу  уыдзæн  дискуссимæ  темæйыл, –  «Глобалон экономикæ ахизгæ  периоды» .

Монреалы  конференци, кæцы  1995 азæй  æрвылазонæй цæуы уагъд, экономикон  глобализацийы  фарстатыл   уынаффæйы тыххæй æмбырд кæны  политикъон лидерты,  паддзахадон, хицæн  секторы, æхсæнадæмон  организациты  æмæ æмбæстагон  секторы  минæвæртты.   Форум афтæдæр  ахъаззаг у   бæрзонд  гæсты  æмæ ставд  корпорациты  къухдариуæггæнджыты æхсæн комкоммæ  контактты æрфидар кæнын.

Монреалы  конференци  10 июны   байгом  ис  æмæ 13  июны  фæуыдзæн.

Информацийы  хъусын кæны  Гуырдзыстоны премьер-министры пресс-куыст.