Мамука Бахтадзе – Мæ хъуыдымæ гæсгæ, мæ мисси ацы этапыл сыххæст кодтон
Мамука Бахтадзе абон ахæлиугонд фидиуæны мидæг банысан кодта, цæмæй уадзы премьер-министры пост. Мамука Бахтадзе фыссы, цæмæй йæ хуъыдымæ гæсгæ, йæ мисси ацы этапыл кæронмæ сыххæст кодта.
«2018 азы Гуырдзыстоны премьер-министры постмæ мæ бавдысты нысан æмæ сæйраг мандат уыд растдæр бæстæйы рæзынады стратегион фæлгæттæ скæнын æмæ æрфидар кæнын, кæцы фæдылдзог азты дæргъы сифтонг кодтаит нæ паддзахадон нысæнттæм баххæссын, суыдаит бæстæйы рæзынады фæндагамонæг чиныгæй.
Рæзынады стратегион фæлгæт арызт у, æрфидар ис æмæ уымæ æмбæлгæйæ дæр ахицæн кодтон постæй хи суæгъд кæнын, уымæн æмæ мæ хъуыдымæ гæсгæ, мæ мисси ацы этапыл сыххæст кодтон.
Мæнæн стыр кад æмæ иурæстæгонæй бæрн уыдис бакуыстаин Гуырдзыстоны премьер-министры рангы мæ бæстæйы интерестæ бахъахъхъæнынæн.
Æз уыддæн æмæ уыдзынæн «Гуырдзиаг Бæллиццы» балы уæнг æмæ нæ бæстæйы æмзæрдæ сæрыл хæцæг»- банысангонд у Мамука Бахтадзейы фидиуæны.
. Мамука Бахтадзейы премьер-министрæй Гуырдзыстоны парламент 2018 азы 20 июны сфидар кодта.2017 азы 13 ноябрæй, 2018 азы 20 июны онг та Мамука Бахтадзе Гуырдзыстоны финансты министр уыд. Министрæй снысан кæныны размæ та, ахста гуырдзыстоны æфсæнвæндаджы генералон директоры пост.