Мамука Бахтадзе – Абон ацы  трибунæйæ  мæ фæнды зæгъын нæ ирон æмæ абхазаг æмбæстонтæн, нæ алы æнтыст у сымах æнтыст
Мамука Бахтадзе – Абон ацы трибунæйæ мæ фæнды зæгъын нæ ирон æмæ абхазаг æмбæстонтæн, нæ алы æнтыст у сымах æнтыст

Амæй размæ  нæ  хицауад бакуыста  ног,  æххæстаргъджын æмæ æппæтылæххæссæг  сабырадон инициативæ  номхуындæй «Къахдзæф хуыздæр фидæны æрдæм» – уый  фæдыл Гуырдзыстоны  премьер-министр  Мамука Бахтадзе, Европæйы Советы   парламентон ассамблейы  рабадтыл  дзырдæй роалæуды рæстæджы  райхъусын кодта.

Премьер  куыд райхæлдта  афтæмæй,   ацы инициативæйæ, Гуырдзыстоны хицауад архайы  оккупацигонд территоритыл цæрæг адæмæн  рæувадат скæна  æнæнизхъахъъæды æмæ  ахуырады рæвдз  сервистæ.

«Ацы инициативæйæ  архайæм, оккупацигонд  территоритыл нæ цæрджыты   срæвдз  кæнæм,   æнæнизхъахъæд æмæ  ахуырады сервисты рæувадатдзинад, цæмæй  сæммикро æмæ лыстæг   амалиуæгон-экономикон   куысты фадæттæ  фæзына,   сæ бинонты дарын хъом  бауой  æмæ  срæвдз кæнæм сæ физикъонæй  аирвæзын кæнын.

Урææсейы  Федераци иугæндзонæй  ницæмæ дары  2008 азы  æхсты фæурæды  бадзырды фæлгæтты  йæхимæ цы хæстæ  райста æмæ  æфсæддон дæлхайадтæ  ракæнын нæ хъавы  нæ территоритæй» –   райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны зæгъгæ уырны  æрмæстдæр конфликт сабырадонæй  аскуыддзаг.

«Конфликты æрмæстдæр сабырадонæй аскуыддзагы ныфс нæ ис.  Ай у  иунæг позици, кæцы  нæм ис  конфликты аскуыддзагмæ гæсгæ. Иумæйаг æнтыст æрмæтсдæр  уæд æрлæудзæн,   тыхыбын бынативгæ уæнгтæн куы уыдзæн фадат  сæ хæдзæрттæм æрыздæхын,  адæмты æхсæн   хидтæ  куы  сног уыдзысты, расттæрхоны сæйрагдзинад  æмæ адæймаджы бартæ  хъахъхъæд куы уыдзысты  Гуырдзыстоны æппæт территорийыл  уæд» –  райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.

Премьер-министр  Европæйы советы  парламентон ассамблейыл рабадтæй   баздæхт ирон æмæ  абхазаг æмбæстонтæм.

«Абон, ацы трибунæйæ  мæ фæнды  зæгъын нæ  ирон æмæ   абхазаг æмбæстонтæн – нæ алы  æнтыст  у  сымах æнтыст дæр!  Иунæг  фидæн,   кæцыйы   уынæм, сымахимæ иумæ  уыдзæн, сабырадон æмæ фарнæй  иугонд  Гуырдзыстоны» –  райхъусын кодта Гуырдзыстоны премьер-министр, Мамука Бахтадзе, европæйы  Советы  парламентон ассамблейы  рабадтыл.