Майк Помпео -  Хъырым Украина у, Уæрæсе æнцой кæны гæдыдзинады æмæдезинформацийыл йæ  æнæнтыст архæйдты, æнæзакъонон цы у уый  закъонон скæна
Майк Помпео - Хъырым Украина у, Уæрæсе æнцой кæны гæдыдзинады æмæдезинформацийыл йæ æнæнтыст архæйдты, æнæзакъонон цы у уый закъонон скæна

Хъырымы  æрдæгсакъадахы Уæрæсейæ  анексийы æхсæзæм  азы сæрмæ  гæсгæ,   АИШ-ы  паддзахадон  нымæдар  Майк Помпео хæлиу кæны  куырдиат.  Паддзахадон департаменты  официалон  веб-фарсыл  ахæлиугонд  куырдиатмæ гæсгæйæ.   АИШ  ноджы иу хатт бæлвырд кæны,   цæмæй  Хъырым зæгъгæ  Украина у.

Помпеойы  дзырдæй,   зæгъгæ АИШ  никуы  банымайдзæн  Уæрæсейы  суверенитет  Хъырымы  æрдæгсакъадахыл.

«Уæрæсемæ  не  æркуырд ахæм у,  нæууадзæнт Хъырымы оккупаци.  Уæрæсейы æрдгæй  Хъырымы оккупаци æмæ   æрдæгсакъадахы  рæзгæ  милитаризаци  нæ  иумæйаг  æдасдзинадæн   тæссаг у.  Æмбæстагон  дзыллæйы æмæ   медийы   уæвæг  критикты  тызмæг  ныхъхъус кæныны  æмæ   религион   сæрибарты  арæнгæнгæйæ,   Уæрæсейы  оккупацион  хицауад  дарддæр кæны   адæймаджы барты  æмæ  фундаментон   сæрибартæм бырст» – дзырдæуы  паддзахадон нымæрдары  куырдиаты.

Майк Помпео  хъырымаг  тæтæйрæгты  барты  гуырымыхъхъ  халыны  æмæ сурыны æрдæм здахы  йæ  хъусдард  æмæ   банысан кодта,   цæмæй Уæрæсейы  æрцахст сты  80  уæнг Хъырымæй,   сæ нымæцы  хъырымæг  тæтæйрæгтæ, кæцыты хай  сты хъизæмары  амæттаг.

«Æхсæз  азы  фæстæ,   Уæрæсе   фæстæмæ æнцой  кæны   гæдыдзинады æмæ  дезинформацийыл  йæ æнæ  æнтыст  архайды,  æнæзакъонон  закъононæй скæнын.  Йе  тыхархайд  уæлдайгонд у   æнæ ‘нтыстæн.  Дуне никуы  ферох кæндзæн  Украинамæ  Уæрæсейы æнæфсон интервенци. АИШ  фауы  Уæрæсейы   æнæзакъонон митæ  Хъырымы æмæ Украинайы  ныхмæ   агрессиввон  архæйдты  дарддæрдзу,   уый  нымæцы, Донбасы. Мах сæ  тыхы  ныууадздзы стæм   Уæрæсейы  ныхмæ архайæг  санкцитæ,  уæдмæ   цалынмæ   Уæрæсе Хъырымыл  контроль  Украинайæн  æрыздахдзæн  æмæ Минскы  бадзырдтæй   йæхимæ цы   хæстæ   райста,  уыдон кæронмæ нæ  сыххæст кæндзæн,   уæдмæ», -дзырдæуы   Майк Помпеойы   куырдиаты.