АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпео, фысымуат «Шератон метехи паласы» æнæхицауадон организациты минæвæрттимæ фембæлд.
Протоколмæ гæсгæйæ, æнæхицауадон организацитимæ фембæлдæн рахицæнгонд рæстæг у 35 минуты.
Фæнысангонд фембæлд сæрыфыцагæй нысангонд нæ уыд æмæ паддзахадон нымæрдары Гуырдзыстонмæ визиты бонвæткмæ хаст фæстæдæр æрцыд.
Æркæсинаг фарстаты официалон ранымады тыххæй куы зæгъæм, официалон информацийы дзырæдуы, цæмæй ныхас фылдæр цæудзæн расттæрхоны, тæрхонон системæйы æмæ адæймаджы барты фæдыл.
Фембæлды фæстæ паддзахадон нымæрдар араст уыдзæн тбилисы æхсæнаæдмон аэропортмæ æмæ ныууадздзæн гуырдзыстон.
Майк Помпео Гуырдзыстонмæ знон æрцыд. Дыууæбонон визиты фæлгæтты уый фембæлдис Гуырдзыстоны хицауапды бæрзонддæр минæвæрттимæ, премьер-министримæ, фæсарæн хъуыддæгты министримæ, афтæма, Гуырдзыстоны преизеднтимæ æмæ Гуырдзыстоны Каталикос-Патриархимæ.