Æнæхицауадон организациты минæвæрттæ иумæйаг  фидиуæн аразынц
Æнæхицауадон организациты минæвæрттæ иумæйаг фидиуæн аразынц

Ныгуылæйнаг партнертæм хицаугæнæг партийы  æрдгæй хъавд, мæтæфтауæг  тенденцийы равг исы – уый фæдыл  21  æнæхицауадон организацийы  фидиуæны мидæг дзырдæуы.

Фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй,   Гуырдзиаг Бæллиццы  сæрдары фидиуæн  иунысанонæй  у  Гуырдзыстоны партнерты æмæ  хæлæртты  дискредиатцийæн.  Æнæхицауадон организациты  минæвæрттæ  нымайынц, цæмæй  уый нæу фыццаг  цау,  хицаугæнæг  партийы  лидертæ, æргомæй    куы  æфхæрынц  фæсарæйнаг партнерты, уыдонæй критикон  аргълæвæрдтæ куы  фехуъсынц бæстæйы  цæугæ  фæзындты фæдыл.

«Уый бæсты, цæмæй объективон критикæимæ сразы уа  æмæ æндæр æмæ æндæр  æрдгæй  уавæры фæхуыздæр кæныны æрдæм къахдзæфтæ сараза,  хицауад  фæстаг рæстæджы.   Кампанийы формæ дæтты   нæ  ныгуылæйнаг партнертæм  лæбурдтытæн.  Хицæн къордтæ æмæ  лидертæ  нæдæр  æфхæрæн  тонæй æфсæрмы кæынцн æмæ арæх зылынджын кæнынц  бæстæйы мид хъуыддæгтæм хитъыссыны  уыдоны,  кæцы политикон æ   мæ финансон æххуысы   у баст Гуырдзыстоны падздахады рæстмæ куыст.  Ахæм риторикæйæ, бæстæйæн, кæцыйы  цæрджыты  фылдæр,   рæзынады  ныгуылæйнаг векторимæ сты разы, фылдæр зиан ййафынц.  Уымæ ма бафты  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн  ахсджиаг  реформæты æмæ ныгуылæны  финансон  æххуысыл æргомæй нæзагъд ракæнын.

Уæлдæрбанысангонд факттæ  иууылдæр,   нæ  катайы æппарынц.  Бæрæг у, цæмæй  тенденцийы формæ райста  хицауады  быцæудзинад ныгуылæйнаг партнертимæ.  Бæрæг куыд у афтæмæй, хицаугæнæг парти нæ хъавы бæстæйы  демократон  процесстæ ауадзын æмæ цæттæ у  уымæ, ныгуылæны  паддзахадтимæ  æмæ политиктимæ  ахастытæ  фехалын, бæстæйæн та  евроатлантикон  интеграцийы  фæндагыл серьозон проблемæтæ сæвзæрын кæнын.

Гуырдзыстоны цæрджыты  æнæфæцудгæ фæнд  уыдис æмæ  у  европаг  æмæ евроатлантикон  структурæты нæ бæстæйы  интеграци.  Хъуыды кæнæм, Гуырдзыстоны  хицауад, ахæм архæйдтытæй  æмæ  фимдиуæнтæй,  нæ фылдæр  дард кæны  нæ историон æвзæрстæй» –  дзырдæуы 21 æнæхицауадон организацийы  фидиуæны.