Лиетувайы   фæсарæн хъуыддæгты  министрад – Европæйы   советы парламентон ассамблеймæ Уæрæсейы  æрыздæхын, йæ бын къахы организацийы  хæзнатæн
Лиетувайы фæсарæн хъуыддæгты министрад – Европæйы советы парламентон ассамблеймæ Уæрæсейы æрыздæхын, йæ бын къахы организацийы хæзнатæн

æиетувайы   фæсарæн хъуыддæгты  министрад, Европæйы советы  парламентон ассамблейы уынаффæйæн, кæцы Уæрæсейæн дæттын  æрыздахыны механизмы   скусын кæныны  фадат,  официалон   фидиуæнæй  дæтты дзуапп.  Фæсарæн хъуыддæгты уагдон хъыгдзинад æвдисы   æрцæугæйы тыххæй.

«Европæйы  советы   парламентон ассамблейы   уынаффæ,  сараза Уæрæсейæн   сæрмагонд амæлттæ,  кæцы   дарддæр кæны   æхсæнадæмон барады нормæты  халын  æмæ нæ ивы  сæрмагонд агрессивон   ахаст  уæнг паддзахадты  æрдæм, йæ бын къахы   организацийы   хæзнатæн  æмæ   авторитетæн», – банысангонд у  Лиетувæйы   фæсарæн хъуыддæгты   министрады ахæлиугонд  фидиуæны.

Евросоветы парламентон ассамблей райста уынаффæ,  кæцыйæ дæр  Уæрæсейы  делегаци,  июны сессимæ  хайад райсынæн  æрцæудзæн хуынд. Резолюцийы  текстмæ гæсгæйæ,  ассамблейы æмæ йæ   органты  уæнгты  схъæлæс кæныны, ныхасы æмæ   минæварады  бар  урæд ма хъуамæ  цæуа.

Евросоветы парламентон ассамблеймæ Уæрæсеæйы æрыздæхынæн   Гуырдзыстон йæ  фарс  нæ рахæцыд.   Резолюцийы  ныхмæ  схъæлæс  кодтой афтæдæр,   Украинайы, Польшайы, Лиетувайы, Латвийы, Стыр Британийы, Эстонийы æмæ Швецийы  делегацитæ.