Леван Изориа – «Джавелинты» системæ нырид  æххæстæй  нæм æрхæццæ ис
Леван Изориа – «Джавелинты» системæ нырид æххæстæй нæм æрхæццæ ис

«Джавелинты» системæ  нырид  æххæстæй  балхæдтам  æмæ  æнæхъæнæй  сты Гуырдзыстоны – уый фæдыл   хъахъъæнынады министр  Леван Изориа  парламенты дзырдæй ралæуды рæстæджы  райхъусын кодта.

«Райдыдтам  танкъыныхмæ  нырыккон  системæты балхæд. Фæнды мæ  ацы бæрзонд трибунæйæ зæгъын уын, цæмæй «джавелинты»  системæ æххæстæй  балхæдтам  æмæ  æнæхъæнæй  сты Гуырдзыстоны» -райхъусын кодта  Леван Изориа.

Афтæдæр йæ информацийæ,   ацы  аз  рауæлдай ис  23 милуан, аналогион   суммæ  рахицæнгонд уыд Америкæйы Иугонд Штатты  æрдгæй  дæр,  хæрдмæтæхджыты  ремонты æмæ модернизацийæн. «Ацы суммæ  зæгъæн ис  у 50 милуан  лари»- банысан кодта Леван Изориа.

АМерикаг «джавелины»   фыццаг хатт Гуырдзыстонмæ   2017 азы  августы  уагъд  бирæнацион  ахуыр  «Аккаг Партнеры» (Nobel Partner) рæстæджы æрластой.