Леван давиташвили – хъахъхъæд территоритæм визиторты нымæц ацы  аз  аст процентæй  фæфылдæр ис
Леван давиташвили – хъахъхъæд территоритæм визиторты нымæц ацы аз аст процентæй фæфылдæр ис

Æрдзы  хъахъъхæды  æмæ хъæууон хæдзарады  министртæм кандидат  Леван  Давиташвили   комитетон  байхъустыл дзырдæй ралæуды рæстæджы, бæстæйы   хъахъхъæд территориты  райтынгыл  фæныхас кодта.

Леван Давиташвилийы   фидиуæнæй,   æнæкæсгæ  бæстæйы  туризмы  секторы  уæвæг проблемæтæм, 2019  азы фыццаг фараст мæйы мидæг  раззаг азы  аналогион  периодимæ абаргæйæ,   хъахъъхæд территоритæм визиторты   нымæц   аст  процентæй, æрмæст æфтиæгты  нымæц та 30%-æй  райрæзтис.

Министртæм  кандидат  йæ хъусдард раздæхта  бæстæйы хъахъъæд территориты  фæзуаты рæзтыл.  Фæстаг азы  территориты фæзуат 11 процентæй  райрæзтис æмæ фидæнмæ   хъахъъхæд  территориты  фæзуаты рæзт,    план кæны  100 000  гектрæй.  Фæнысан кæнинаг у  цæмиæй  цыппар  хъахъхъæд территори Гуырдзыстонæй   фыццаг хатт сты  бавдыст  ЮНЕСКО-йы  æрдзон  бындарады  фадыгы  статус райсынмæ.

Леван Давиташвилийы  дзырдæй,   хъахъæд территориты  агентад активонæй  кусы экотуристон  инфраструктурæ айтынгыл.  Фæстаг  азты мидæгн   ацы æрдæм  20  милуан  лари бахардз ис.  Комитетон байхъусытыл  афтæдæр банысан ис,  цæмæй  хъахъхъæд территориты  райтынг   сæрмагондæй    дзæбæх  æндавы  бынæттон  цæрджытæм,   уымæн æмæ туристты   нымæцы  рæзтæ   хуыздæр кæны сæ цæрæн уавæрты æмвæзад.