Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы фидиуæн журналисттæм  æртъхъирæны факты фæдыл
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы фидиуæн журналисттæм æртъхъирæны факты фæдыл

Æхсæнадон  Уацхæссæг сиды æхсæнадæмон органищациты минæварадтæм  Гуырдзыстоны,   дипломативон корпусмæ, Европæйы  Уацхæссджыты Цæдисмæ (EBU),  лæмбынæг сæ хъусдард раздахой  Гуырдзыстоны цæугæ процессты рæстæджы Æхсæнадон Уацхæссæджы  журналисттæм хъомысдарыны,  тасæфтауыны  æмæ сæ куыстмæ  гуырымыхъхъ  хифæтъыссыны  бæлвырд факттæм.

Гуырдзыстоны Фыццаг Канал   8 ноябры айтынггонд фæзындтæ рухс  кодта  æнæаскъуынгæ эфирæй, куыд  телеуынынадон,  радио, афтæ онлайн-платформæйыл (www.1tv.ge). Журналистон стандарттæ  æххæстæй хъахъхъæнгæйæ, кæсджытæн лæвæрдта  факттыл бындурæвæрд  æмæ  æнæфæсайгæ  информаци, бынатыл куыста цалдæр  исæг къорд, кæцытæ  иу уысммæ дæр нæ  фæурæдтой  сæ куыст,  доны сыгы, æхст дуртæ æви зиангонд техникæмæ  нæкæсгæ, цæмæй  поляризацигонд  медиа-æрдзы  æххæст æмæ  реалон  ныв   бадæттаиккой  æхсæнадæн.

Фæнды нæ банысан кæнын, цæмæй   категорионæй нæрайсгæ  у  медийы  минæвæрттыл уыцы æлхъывд, кæцы  8 ноябры  акцийы цыды рæстæджы ракодта «Европаг Гуырдзыстоны»  иуæй-иу лидер Гиги Угулава. Бæрæг у, цæмæй  йæ æнæбындур  уæззау  аххосæгтæ  æмæ  журналистимæ  ныхасы уаг,  журналисты тасыæфтауын  æмæ йæ  куыст  бахъыгдарыны нысанæн уыд.

Афтæма  æртъхъирæны  кампанийы дарддæрдзу у  парламенты уæнг  Гиорги Канделакийы  фидиуæн, ома  хицауады  ивды фæстæ   аскуыддзаг уыдзæн, адарддæр кæна  æви нæ  Æхсæнадон Уацхæссæг  кусын уый.  Ахæм кампанитæ, куыд  уаг,  йеуæд райдайынц,  политиктæн сæ зæрдæмæ куы нæ цæуы   журналистты æрдгæй   уыдонæн лæвæрд фарстытæ  æмæ   сæ репортажтæ.  Диссаг нæу,  уыцы архайдæн мæн дæр фæстæмæ, йæ нысан у  журналистты фæтæрсын кæнын æмæ  сæхи дæлбар бакæнын.

Фæнды нæ  хаххгондæй  банысан кæнын, цæмæй  Æхсæнадон Уацхæссæг  у бæстæйы иуæй-иу  сегасдæр  ахсджиаг   демократон институци  æмæ йæ  куыст  у  иттæг нысаниуæгджын фактор  æхсæнады  стынг кæнынæн, æмæ растдæр  уый тыххæй, йæ хæдбарад  бæлвырд у  конституцийæ.  Фыццаг Каналы миссимæ  æмбæлгæйæ,  йæ  редакцион политикæ никуы уыдзæн   уавæры эскалацийы  æрдæм  цырын,  – уый кæддæриддæр  архайы бæрзонд журналистон  стандарттæй æмæ  рухс кæныны сегасдæр сæйраг  принциптæй: дырысдзинад,  объективондзинад, рæстдзинад кæцы нысан кæны уый, цæмæй  æмбæстæгтæн,   искæцы  партион платформæйæ  зынгæ ныв нæ фæлæ,   реалон  информаци хъусын кæнæм.

Хъыгагæн, абон гуырдзиаг  медиа, нысаниуæгджынæй рахаты  политикон æндæвдад,  дырыс  поляризацигонд у æмæ ацы   уавæры тыххæй,  иуæй-иу  партийæн  нæрайсгæ у  сæ æндæвдадæй  уæгъдибар  медийы  уæвын  Æхсæнадон Уацхæссæджы  хуызæй.   Растдæр ацы нысанæн  цæуы æртъхъирæны  æмæ  тасыæфтауыны компани, цæмæй   моралонæй  сæхи  дæлбар  бакæной журналистты  æмæ афтæмæй сæвзæрын кæной  уыдонæн  фæндон информацион  тох.

Афтæдæр  нæ фæнды, хъыгдзинад  равдисын уый тыххæй дæр, цæмæй адæмон барты хъахъхъæнæг  нæ  фиппайы æмæ ницы  реакци æвдисы  нæ  журналистты æрдæм тыхмидзинады факттыл.

Дзырды сæрибар у  демократийы  бындур,  кæцыйы æххæст кæнын  тарст журналисттæ  не сфæраздзысты. Æхсæнадон Уацхæссæг  кæронммæ  хъахъхъæндзæн йæ  журналистты  цыфæнды  хуызы уæлæндæвдæй  хæдбарад  æмæ уырнæг стæм,   цæмæй ацы  тыхархайды нын  баххуыс уыдзысты  нæ  æхсæнадæмон партнертæ.