Куыд исдзысты  ахуыргæнинæгтæ  аттестат -  ахуырады министрады  æмбарынгæнæн
Куыд исдзысты ахуыргæнинæгтæ аттестат - ахуырады министрады æмбарынгæнæн

Ахуырады,  зонынады, културæйы æмæ  спорты  министрад æмбарынгæнæн дæтты, цæмæй  зæгъгæ  куыд исдзысты  скъоладзаутæ  аттестеттæ.

Министрады куыд хъусын кæнынц  афтæмæй,   уый тыххæй  цæмæй  ахуырæгнинаг  райса  аттестат, хъуамæ йын уа  алы   фадыгы дæр æвæрццаг  аргълæвæрд, фондз кæнæ та  фылдæр  баллы.

«2018-2019  ахуырадон азæй, паддзахады   организацигонд скъолайы  рауадзæн  (а.х. САТ-ы)  фæлварæнтæ, 11-æм æмæ 12-æм кълассæгтæн аивдтой.

  • Ахуыргæнинæгтæ, кæцытæ а.х. САТ-ы фæлварæнтыл фæкъуыхцы  сты кæнæ та  нæ  райстой/нæ бахъом сты, аттестат  райсдзысты, кæд æмæ  алы  фадыгы дæр сæм уыдзæн æвæрццаг баллтæ.
  • Кълассыл ахизыны кæнæ фæлварæнты  экстерны  æртыстджынæй раттыны  цауы,   ахуыргæнинæгтæ  аттестат райсдзысты, кæд æмæ сæм  алы фадыгы  æвæрццаг аргъ, фондз кæнæ  фылдæр  баллы  уыдзæн.
  • Аттестатты  ратдзæн сервситы  тынгады  агентад,  закъоны  æмбæлгæ  ивды  скусын кæныны  фæстæ. Фæнысангонд тыххæй информаци  фæстæдæр  æрцæудзæн пабликацигонд.
  • Скъолафæудгондтæн, кæцытæ  райсдзысты  аттестат,   уыдзæн бар  регистраци ацæуой   профессион кæнæ  уæлдæр ахуыр райсыны  нысанæй  куыд 2019  азы,  афтæ  уый  фæстæ  азты  дæр.  Националон æмвæзадыл  фæлварæнон  регистрацийы   æмгъуыдтæ  райхъусын кæндзысты  бæрæг   æгъдауæй» –  банысангонд у   ахуырады  министрады   ахæлиугонд   информацийы.