Кредитты нулы онг æркæнынимæ баст веб-фарс, абон 18:00 сахатæй скусдзæн [видео]

Кредитты нулы  онг æркæныны фæдыл инициативæйы  фæлгæтты, специалон  веб-фарс,  скусдзæн абон  18:00 сахатæй – уый тыххæй райхъусын кодта Гуырдзыстоны премьер-министр мамука Бахтадзе.

«Абон  18:00 сахатыл  скусдзæн   веб-сайт, кæцыйыл не мбæстæгты  хайæн сæ бон бауыдзæн   ацæуой  регитсраци.  Ацы цауы,   мах ныхас кæнæм  цалдæр ставд  организацийыл.  Сæрмагондæй та, абон æмæ сом  бавдыст æрцæудзысты  базæтæ,  кæцыты  уыдзысты«Сакартвелос Банкъи», «Тибиси Банкъы» æмæ  «Либерти банкъы» пайдагæнджытæ»- райъусын кодта премьер-министр. 

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  куыст дарддæр кæны  æнæруромгæ  режимы.   Фарстайыл   афтæдæр кусы  фонд «Карту»  кæцыйы  æххуысæй   цæуы æххæст  фæнысангонд  инициативæ.

«Фæнды мæ  бахахх кæнын, цæмæй  куыст дарддæр кæны 24 сахатон режимæй.  Уæ бон у  сфæлгондзын  цæййас  масштабы информацийыл  цæуы  куыст?  Фонд «Карту»  тынг активон куыст кæны   ацы  фарстайыл» – банысан кодта Мамука Бахтадзе.

Премьеры ныхæстæм гæсгæ,   веб-фарсмæ  æрвылбойнонæй  бамхас кæндзысты  пайдагæнджыты   базæтæ,  кæцытæн  сæ  хæстæ  хардзгондыл банымайдзысты.

«Мах æрвылбойнонæй  бавдисдзыстæм   ацы базæтæ,   æмæ æмбæлон информаци.  Финансон   институттимæ бадзырдты  процесс  дарддæр кæны.  15-æм декабрæй  афæдзы кæронмæ,  хъауджы  периодиконæй æмбæстæгты  сисдзысты  ацы  “сау номхыгъдтæй»  не мбæстæгты  фылдæры хай Ног Азыл амбæлдзысты   ацы  риссаг проблемйææ   сæрибарæй» – банысан кодта Мамука Бахтадзе.