Кобулеты  цыппар хъæуы, цы ран расидтæуыд карз карантин, кусдзысты Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы исæг къордтæ
Кобулеты цыппар хъæуы, цы ран расидтæуыд карз карантин, кусдзысты Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы исæг къордтæ

Кобулеты   муниципалитеты   администрацион иуæгты – Гварайы,  Мухаэстатэйы, Легъвайы æмæ Цъхъаврокайы   кусдзæн   Æхсæнадон Уацхæссæг, æрмæст иннæ   медиафæрæзтæн   удызæн фадат,  спайда кæной  Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналы  исæг къордтæй лæвæрд  æрмæгæй.  Гуырдзыстоны   премьер-миистры  уынаффæгæнæг, пресс-спикер Ираклий Чикованийы  дзырдæй, зæгъгæ  Кобулеты  муниципалитеты   цыппар   администрацион иуæгы  ист æрцыд   специалон   режим  æмæ   фидар кæны   карз   карантины  арæнæвæрдтæ.

Чикованийы  дзырдæй,   Уцы  арæнæвæрдтæй  уæлдай,   кæцы уæлрадон уавæры режимæй  сты бæрæг,  ацы  администрацион  иуæгтæм тобæгонд у  бацыд æмæ  уырдгæй  рацыд дæр.  Бынатыл   ацы  режимы сæххæстмæ  сæ цæст дардзысты   мидхъуыддæгты  министрады æмæ  хъахъхъæнынады   тыхтæ.