Коба Нахъопиа – Михеил Саакашвили  диссаджы формæйы ис, йæ æрвитæггаг у  -  тох кæронмæ
Коба Нахъопиа – Михеил Саакашвили диссаджы формæйы ис, йæ æрвитæггаг у - тох кæронмæ

Сегасдæр хузыдæр фæормæйы  уæвгæйæ  иу  куы  федтон Мишайы афтæ  уыдис абон дæр æмæ тынг райгонд дæн – уый фæдыл  «Националон Змæлды» уæнг Коба Нахъопиа  æфхæрдæххæстгæнæн уагдоны Михеил Саакашвилийы  феныны  фæстæ райхъусын кодта.

Афтæма  йæ ныхæстæм гæсгæ,  фарсхæцджытæм Саакашвилийы  æрвитæггаг у  цæмæй   кæронмæ тох  адарддæр кæной.

«Михеил Саакашвили  у тынг хъæлдзæг, дыссаджы  формæйы.   Загътон йын, зæгъгæ дæм хæлæг кæнын, цæй зæгъын æй æхъуы  цъус фæмæллæг ис æмæ уый тыххæй.  Тынг фидар  æмæ  диссаджы политикон формæйы  ис.  Фылдæо  хæцынхъом мæм  фæкастис.  Сегасдæр хуыздæр формæйы уæвгæйæ иу куы уыдис Миша, ахæмæй йæ  федтон  æмæ тынг райгонд дæн.  Æрвитæггаг у   – тох,  тох кæронмæ.  Гуырдзыстоны алы æмбæстаг, уыдзæн эмиграцийы æви  Гуырдзыстоны, хъуамæ тох кæна  фæстаг уæлахиздзинады онг. Æрсидтис эмигранттæм, цæмæй максималонæй бацархайæт  æвзæрстытæм æрцæуын, максималонæй  мобилизацигонд уæт, цæмæй  30-æм октябры  æвзæрстытæ адавын  мауал бантыса  Бидзина Иванишвилийæн æмæ «Гуырдзиаг Бæллиццæн».  Афтæма дзуры, цæмæй  акцитæ перманентон хъуамæ  уа» –  райхъусын кодта Коба Нахъопиа.