Хъæу Сахъаврейы цур зынгсирвæзт æххæстæй  локализацигонд у
Хъæу Сахъаврейы цур зынгсирвæзт æххæстæй локализацигонд у

Гуры муниципалитеты  хъæу  Сахъаврейы цур зынгсирвæзт æххæстæй  локализацигонд у.  Уый фæдыл   хъусын кæнынц  уæлвæтк уавæрты  фæткдар куысты.

Афтæдæр сæ информацийæ, æнæхъæн æхсæвы дæргъы  æнæруромгæйæ  куыстой  зынгвæдисон-ирвæзынгæнджытæ, цæмæй  артдзæстытæ  ма сцырын уыдаиккой.

Уæлвæтк уавæрты фæткдар  куысты информацийæ, ацы  афонмæ  æрмæст  торф судзы  æмæ ног артдзæстытæ нал сæвзæрынц.  Афтæдæр сæ хъусинагæй,   уавæр æххæстæй  кантрол кæнын ис гæнæн.

Зынгсирвæзты  ликвидацион куыстыты  тыххæй,  бынатыл ацы аофнмæ сты  200  зынгвæдисон-ирвæзынгæнæг, афтæдæр йæ куыст нæ  уадзы быдырон штаб.

Сахъаврейы  хъæуы  цур, арт бафтыд  кæрдæгæ æмæ  хъæды  ныллæг  цъарыл 22  августы.  Зынхуыссынæн мадзæлтты Квемо Картлийы  алы  уагдоны щынгвæдисон-ирвæзынгæнæн  бал баиу  ис.  Уыйимæ иумæ,  зынгы ликвидацион  кустытæм  баиу  ис   арæйнон  пъæлицæйы  дыууæ хæрдмæтæхæг.