Келли Дегнан – сенатортæ æрцæуынц уый равдисынæн, цæмæй  Америкæ  дарддæр кæны Гуырдзыстонæн фарс хæцын
Келли Дегнан – сенатортæ æрцæуынц уый равдисынæн, цæмæй Америкæ дарддæр кæны Гуырдзыстонæн фарс хæцын

Сенатортæ æрцæуынц  уый равдисынæн, ома Америкæ  дарддæр кæны  Гуырдзыстон æмæ нæ партнерадæн фарсхæцын.  Уый у дæргъвæтин  партнерад, уымæн æмæ Гуырдзыстон  парахат кæны демократиæмæ  ацы процесс  дарддæр кæны, – уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвар  Кеклли Дегнан  америкаг конгрессмены  Гуырдзыстонмæ  визиты тыххæй   загъта.

Келли Дегнаны дзырдæй, зæгъгæ сенатортæ равдыстой  æрцæуыны фæндон,  цæмæй базонгæ уой  куыд  цæуынц Гуырдзыстоны  фæзындтæ.

«Ковиды» тыххæй  чысылнымæцон   паузæ нын уыд визитты æрдгæй, фæлæ сенатортæ  равдыстой æрцæуыны фæндон, цæмæй  базонгæ  уой  куыд цæуынц  фæзындтæ Гуырдзыстоны. Уый тыххæй,  цæмæй  бирæ  фарст бакæсын бахъæудзæн.  Уый у дыууæпартион  фарсхæцын, кæцыйы  æвдисы сенатор Шахин  æмæ сенатор Портманы визит.  Тынг бæрзонд у  интерес  сæ визитмæ.  Уыдон штаттæм куы æрыздæхдзысты, уæд сын бирæ фембæлд уыдзæн, куыд хицауады  синæвæрттимæ – афтæ  æмбæстагон   дзыллæ æмæ оппозицийы лидертимæ. Кæй  зæгхын æй хъæуы,  фокус здæхт уыдзæн  дæргъгæнгæ уырыссаг агрессийыл, Гуырдзыстоны территориты 20 проценты оккупацийыл, кæцы Америкæйæн нысаниуæг проблемæ  у æмæ нæ мæсты  кæны,  куыд Гуырдзыстон, афтæ мах дæр.  Тынг  æфсæст бонвæтк уыдзæн  æмæ хъуыды кæнын, интересджын сты  цы аразын  Гуырдзыстон демократон  рæзынадæн  æмæ евро-атлантикон  интеграцийæн, кæцымæ  тырнынад афтæ фидар у, куыд никуы раздæр», –  райхъусын кодта Дегнан.

Сенатортæ Гуырдзыстонмæ абон æрцæудзысты.