Келли Дегнан – Паддзахад  бæрнон у, сифтонг кæна  сабыр уавæр  адæймæгтæн,  цæмæй равдисой  конституцион бартæ, ныфс мæ ис,  фидæны хуыздæр аргъ скæндзысты цас  аргъджын сты ацы бартæ
Келли Дегнан – Паддзахад бæрнон у, сифтонг кæна сабыр уавæр адæймæгтæн, цæмæй равдисой конституцион бартæ, ныфс мæ ис, фидæны хуыздæр аргъ скæндзысты цас аргъджын сты ацы бартæ

Цыфæнды тыхмидзинад  у  нæрайсгæ, уымæн йæ нысан куы  у, адæймагы конституцион барæй спайда кæнын фæхъыгдард,  æмбырды кæнæ  медиабарты  равдыст –  уый фæдыл  АИШ-ыт минæвар  Келли дегнан, Гуырдзыстоны туризмы  индустрийы альянсы  (ГТИА)  мадзалмæ  уазæгуат уæвгæйæ,  мадзалы размæ   райхъусын кодта.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, паддзахад  бæрнон у, сифтонг кæна  сабыр уавæр  адæймæгтæн, цæмæй  равдисой  конституцион бартæ, уый нымæцы  æмбырды æмæ  дзырды сæрибардзинад. Афтæма  журналистон  куысты  сыххæсты  бар  сабыр уавæры.  Хъыгагæн, 5 æмæ 6 июлы  уый нæ федтам. Фæлæ  нæ ныфс ис, цæмæй фидæны  уыдзæн   фылдæр аргълæвæрд, цæмæй  куыд зынаргъ сты ацы сæрибардзинад  æмæ  бартæ», –   райхъусын кодта Келли Дегнан.

Журналистты фарстыл  зæгъгæ  кæуыл æвæрд цæуы  бæрн  æмæ  хъуамæ  йæхи йæ куыстæй сисæт  премьер-министр, Америкæйы  минæвар  райхъусын кодта, цæмæй  уый зæгъгæ у  гуырдзиаг адæмы аскуыддзаг кæнинаг.

«Фæнды мæ стыр зæрдæхъыг равдисын  Лексойы трагикон мæлæты  тыххæй. Уый æцæгдæр зын у,  тæфæрфæс   кæнæм алкæмæн.  Лексо уыд иуæй-иу, кæй ныхмæ  дæр  æрцыд тыхмидзинад.  Цæй зæгъын æй хъæуы, цыфæнды  тыхмидзинад нæрайсгæ у, йæ нысан куы  у  адæймагы конституцион бартæй, æмбырдлы æмæ  медиабартæй спайдайы  равдисынæн фæхъыгдард куы у, уæд. Ницы уæлдай у, къаддæрдæртæ сты  æви фылдæртæ, ис алкæй барты  хъахъхъæды бæрн.  Гуырдзиаг  адæмы аскуыддзаг кæнинаг у уый, чи йæ  фæнддзæн  бæстæйы  къухдариуæггæнæгæй фенын.  Нысаниуæгджын  у, цæмæй  фæзындтæ хъуамæ тынг кæнæт  демократон  процессы фæлгæтты.  Гъарибашвилийы  абоны  фидиуæны тыххæй  зæгъын ницы мæ бон у,  нæ йæм хъуыстон æмæ  нæ зонын», – банысан кодта Келли Дегнан.