Келли Дегнан -  Гуырдзиæгты æмæ америкæгты æхсæн  фидар бастдзинад ис
Келли Дегнан - Гуырдзиæгты æмæ америкæгты æхсæн фидар бастдзинад ис

4 июлы  бæрæгбон кæнæм Америкæйы  лидертæ бæстæйы  хæдбарады тыхæхй  куы  райхъусын кодтой уый.  Абон бинонтимæ æмæ  хæлæрттимæ иумæ,  америкæгтæ  скад кæндзысты  фундаментон бартæн – царды, сæрибарджзинады æмæ  амондджындзинадмæ  тырнынады  бартæн, кæцы  нымад у  Хæдбарады  декларацийæ –  уый фæдыл   райхъусын кодта  Гуырдзыстоны  АИШ-ы  минæвар  Келли Дегнан.

«Сæрибардзинад, демократи æмæ  нæ истори куы бæрæгбон кæнæм, уыцы бон у абон.  4 июлы америкæгтæ  ноджы иу  хатт  ахъуыды кæндзысты   уый фæдыл,  кæцыйæн мах   хаттæй-хатт æмбæлгæ аргъ нæ кæнæм.   Сæйраг  сæрибардзинæдтæ, кæцыты гаранти дæтты конституци  æмæ кæцытæ хъахъхъæнынц нæ æмбæстæгтæ.  Адон сты дзырды  сæрибар,  æрымбырды сæрибар, прессæйы  сæрибардзинад. Глобалон пандеми нын бакой  кодта, цас нысаниуæгджын у  бацауæрдæм æрвылбойнон   сæрибардзинæдтыл,  царды, бинонтимæ кæнæ  лымæнимæ  уæвыны, балц кæныны  кæнæ хуымæтæгæй, кусыны æмæ скъоламæ цыды сæрибардзинад.  Абон, Америкæйы  245-æм  гуырæнбоны гаджидау  оптимизмæй  куы дзурæм  уыцы ныфсæй, цæмæй  æрмахуыр скæнæм вирус, æрбаиу нæм ут,  цæмæй иумæ сбæрæгбон кæнæм  сæрибардзинад – фундаментон  сæрибардзинæдтæ, кæцытæй фидар кæнынæ  демократи æмæ зынаргъ, æрвылбойнон, æмбæлгæйæ  аргъ цæмæн нæ кæнæм  уыцы   сæрибардзинæдтæ.

Иумæ кусæм  Гуырдзыстоны демократон  институттæ сфидар кæнынæн –  хъуыдаг кæцыйы  Гуырдзыстон 100 азы размæ  райдыдта æмæ кæцы  трагиконæй  æрцыд урæд – мах та адарддæр кæндзыстæм æххуыс Гуырдзыстонæн.  Гуырдзиæгты æмæ   америкæгты  æхсæн  фидар бастдзинад ис, æнææрмæст нæ  хæдбарадæн тохы, фæлæ ма нæ демократон  институттæ стыхджын кæныны æмæ нæ зынаргъ хæзнатæн иузæрдыгдзинады тыххæй. Америкæгтæ  æнæхъæн дунейы  куы æмбырд кæнынц бинонтимæ æмæ  хæлæрттимæ, цæмæй скад кæной нæ традицитæн, истори æмæ сæрибардзинадæн,  мах дæр Америкæйы минæварады  сæрыстырæй  бæрæгбон кæнæм  ацы бон нæ гуырдзиаг хæлæрттимæ иумæ» –   загъта  Келли Дегнан.