Карл Харцелл – мандаттыл нæзагъд нысан кæны уый, цæмæй рæстæг бирæ тагъддæр  тайы
Карл Харцелл – мандаттыл нæзагъд нысан кæны уый, цæмæй рæстæг бирæ тагъддæр тайы

Гуырдзыстоны хъæуы  парламент, кæцыйæн йæ бон у  кусæн  æмæ  бæрн химæ райсын  уынаффæтыл,  кæцытæ бахъæудзæн «Ковиды»  æмæ кæцыфæнды æндæр фарста аскуыддзагæн –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны  Евроцæдисы минæвар Карл Харцелл  фехъусын кодта.

«Куыдæй зонут афтæмæй,  нын ис ныхас  æндæр æмæ æндæр фарсытимæ,  цæмæй фенæм,  у нæ бон æви нæ  иумæйаг бындур  бацагурын, кæцы сифтонг кæндзæн  уæрæхмасштабон  разыдзинад фæстагмæ,  кæцыйы  стыр ныфс нæ ис», –  загъта Харцелл.

Фарстыл, разнаггад кæндзæн æви нæ   оппозицийы  минæвæртты  æрдæгæй  парламентон  мандаттыл нæзагъд  бадзырдты процессæн, Карл Харцел  дзуаппæн банысан кодта, ома  уымæн аргъ скæнын йæ бон нæу, фæлæ ацы уынаффæтæ  нысан кæнынц, цæмæй   рæстæг  тагъд тайы.

«Аргъ скæнын мæ бон нæу, уымæн  боны кæрон алы фарс рахæсдзæн  хатдзæгтæ, фæлæ  ацы  нæзагъд  нысан кæны уый, цæмæй  рæстæг тынг тагъддæр  тайы,  уый алчи дæр хъуамæ  бадара йæ  зæрдыл», –  бафтыдта ма Евроцæдисы минæвар.

Зноны «Гуырдзиаг Бæллиццы» минæвæрттимæ дипломатты фембæлды æмæ бадзырдты фæндзæм раунды датæйы тыххæй  та, Карл Харцелл  загъта, цæмæй  знон  зæгъгæ  ныхас диалогы  æмæ дарддæры къахдзæфтыл уыд, æрмæст иннæ  раунды датæ та  бæрæг нырма нæу.

Фарстыл зæгъгæ  уыдзæн æви нæ хицауадæй  бавдыст ног  компромиссон  æнхъарæнтæ, Карл Харцелл  банысан кодта, цæмæй   алы  фарсæн нысаниуæгджын  уыдзæн, иумæйаг бындуры æрдæм змæлын.