Каха  Каладзе -  мæ бон мæхицæй раппæлын у, Тбилисæн Европæйы иуæй-иу сеппæтæй  хуыздæр æхсæнадон  транспорт  уыдзæн
Каха Каладзе - мæ бон мæхицæй раппæлын у, Тбилисæн Европæйы иуæй-иу сеппæтæй хуыздæр æхсæнадон транспорт уыдзæн

Тбилисы мэр Каха  Каладзе   сæйраг сахары   хицауады   абоны рабадтыл   æхсæнадон транспорты  реформæйы тыххæй ноджы иу хатт фæныхас  кодта  æмæ  бахахх кодта  микроавтобусты   фæивыны   æнæмæнгхъæуындзинад.   Каладзейы  дзырдæй,   микроавтобусты   абоны   уавæр,  критикон у.

«Æнæмæнгæй   хъуамæ  фæивæм   микроавтоубстæ, уымæн æмæ сæ  уавæр   ницы  критикæйæн фæразы.   Сты тынг   уæззау  уавæры,  серьозон дискомфорт  у  бæлццæттæн.   Комкоммæ мæ бон зæгъын у, цæмæй  цы фæздæг калынц  уымæ гæсгæ  нын  катастрофон уавæр ис.  Аразæм конкретон къахдзæфтæ, цæмæй   уæвæг  проблемæтæ  аскуыддзаг кæнæм.  Ацы  проблемæ   æрмæст микроавтобусты æмæ  æхсæнадон  транспорты  ранæуæгæй  на  алыг уыдзæн, фæлæ  нысаниуæгджын  компонент у» – райхъусын кодта Каха  Каладзе.

Тбилисы мэр,  вице-мэрæн сæйраг сахары  хицауады раззаг рабадтыл   бахæс кодта, дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ  бавдыстаит  конкретон план,  цæмæй  куыд  æрцыдаит сахары  змæлæг  микроавтобусты  ивд.  Каладзе  абон   ноджы иу хатт банысан  кодта, цæмæй  компани, кæцы  сахары  микроавтобустæй  архайы,  хъуамæ хæсджын скæной, йæ микроавтобусты раивын- ранæуæг кæнын.

«Æхсæнадæн дзырд раттам, цæмæй Тбилисы   æхсæнадон транспорт уыдзæн сеппæтæй хуыздæр. Мæ  бон у  мæхицæй раппæлын, цæмæй   ацы  проект кæронмæ куы  сыххæст кæндзыстæм, уæд Европæйы  иуæй-иу сеппæтæй   хуыздæр æхсæнадон транспорт уыдзæн Ьбилисæн.  Адон уыдзысты   ног автобустæ.  Параллелонæй  микроавтобустæ  æнæмæнгæй  хъуамæ  æрцæуой  ивд,  таксийы  реформæ, кæцы æнтыстджынæй  цæуы  æмæ æцгæдæр   тынг дзæбæх у, мæ  хъуыдымæ гæсгæ, æхсæнад  уый  уыны.  Реформæ нырма  нæ фæцис æмæ дзы  уыдзæн  фæдылдзог этаптæ.  Афтæдæр метро, кæцы  абон  сеппæтæй   фылдæр бæлццоны  ласы абон» –  райхъусын кодта Каха  Каладзе.