Иркутскы бæстæйы  донивылды  тыххæй, уæлвæтк уавæр  æппæт Уæрæсейы   æрбайстой
Иркутскы бæстæйы донивылды тыххæй, уæлвæтк уавæр æппæт Уæрæсейы æрбайстой

Иркутскы бæстæйы  донивылды  тыххæй, уæлвæтк уавæр  æппæт Уæрæсейы   æрбайстой.

«Ройтеры»  хъусинагæй, стихийы фæстиуæгæн райсгæ зиан  29  миллиард рублæй  фылдæр у.  Сцад  сты хæдзæрттæ, кæцыты  33 мин  адæймаг цæры. Донивылды рæстæджы  фæмард  20 адæймаг, 1 200  та  цæфтæ райстой.

Æппæт бæстæйы  масштабæй  уæлвæтк уавæр æрбайсыны фæдыл барамындыл  3  июлы  Уæрæсейы президент бафыста къух.  Документмæ гæсгæйæ,  цад   районты  гæнæн  суыдзæн  Уæрæсейы  гарзджын тыхты минæвæртты  арвитыл.  Стихийы  фæстиуджыты схафынæн  æмæ зианбавзарджыты  цæрæн хæдзæрттæй  сифтонг кæнынæн, æхца резервон  фондæй   рахицæн  кæндзысты.

Æдæппæт сцад  ис  98 цæрæн ран æмæ 6600-йæ  фылдæр хæдзар. Эвакуацигонд æрцыд  2000-æй фылдæр адæймаг.