Ираклий Къобахидзе -  Ника Мелиа йæхæдæг æрцахста йæхи
Ираклий Къобахидзе - Ника Мелиа йæхæдæг æрцахста йæхи

Ника Мелиа йæхи йæхæдæг æрцахста, –  уый фæдыл  «Гуырдзиаг Бæллиццы» офисы лæвæрд  брифингыл  партийы  сæрдар Ираклий Къобахидзе  райхъусын кодта.

Ираклий Къобахидзейы  дзырдæй, зæгъгæ абон 23 февралы, Сырх Армийы бон, сырх  партийы большевиктæ  ноджы иу хатт  фæбыцæу сты гуырдзиаг паддзахадмæ.  Фæлæ  афтæма йæ  ныхæстæм гæсгæйæ,  зæгъгæ сбæлвырд ис, цæмæй  нырыккон необольшевиктæ – гуырдзиаг  паддзахадæн ницы ракæндзысты.

«Ай у паддзахад.  Ай у  барадон паддзахад, паддзахад  кæцы  цыт кæны  сæрмагонд  намысæн,  барады сæйрагдзинадæн, закъоны сæйрагдзинадæн.

Никанор Мелиайы тыххæй куы зæгъæм – уымæ нæкæсгæйæ  æмæ уый  хицæн кодта, тагтæрхоны барады æвзагæй  куы зæгъæм,  сæрмагонд æхсæнадон тасæй  æмæ цæттæ уыд  алцыппæт йæ сæрмæ схæссын,  сæрмагондæй та  хицаудзинад æрыздахыны уавæрты,   кæцыфæнды адæймагы  ахст, кæй зæъын æй хъæуы,  у риссаг.

Фæлæ Никанор  Мелиайы  тыххæй уын бакой кæндзынæн (æрмæст факттæ):

Хицауады уæвыны периоды, политтикон мотивæй, 2012  азы  фæкъотри кодта  хицæн банк (ацы фыдракæндæн  уый банымадтой  тугтæрхоны барады фыдгæнæгыл);

2019  азы  организаци кодта  Гуырдзыстоны  парламенты бæстыхаймæ  лæбурдæн  æмæ  пъæлицæйæгты ныхмæ тыхмидзинадæн;

Парламентон æвзæрстыты фæстæ  организаци  кодта  ЦÆК-ы бæстыхаймæ  лæбурдæн æмæ  пъæлицæйæгтыл тыхмидзинадæн;

Уыдис парламенты саботажы  ицæй-иу сæйраг инициатор;

Паддзахадмæ æрвылбойнонæй  æртхъирæн кодта  уымæй, цæй архайды тыххæй  дæр йын бавдыстæуыд  аххосаг –  тыхон революцийæ;

Демонстрационæй  аппæрста электронон цонгдарæн,  цæмæй дæр бафхæрдта  паддзахад;

Стæрхон йын ис  цъынды бафидын,  кæцы нæ бафыста  дыууæ мæйы дæргъы,  цæмæй  дæр ноджы иу хатт бафхæрдта  падзахад;

Æрмæст уый фæстæ,  йæ схорзæхджын кодтой  алы криминалон  æмæ  радикалон архæйдтыты  тыххæй  æмæ йæ снысан кодтой  Националон Змæлды  формалон сæрдарæй;

Прокуратурæйы  æрдгæй  цъынды  бафидыны  кæройнаг  æмгъуыд снысаны фæстæ,  ноджы иу хатт бафхæрдта  паддзахад  æмæ райхъусын кодта: «Нæ бафиддзынæн,  ме рцахсын уын нæ бантысдзæнис».

Нæ бафыста, æрцахстой йæ,   растдæрæй та   йæхæдæг æрцахста йæхи», – райхъусын кодта Ираклий Къобахидзе.

Къобахидзейы  дзырдæй, зæгъгæ  хъыгаг у, цæмæй  Хæдбардзинад Ногæй  рацарæзтæй 30  азы  сæрыл, хицауады ноджы иу хатт бахъуыд, «Антипаддзахадон  тыхтимæ уый  бæлвырд кæнын, цæмæй  ай  у паддзахад».