Ираклий Къобахидзе  фембæлдис Виктор Орбанимæ
Ираклий Къобахидзе фембæлдис Виктор Орбанимæ

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе  фембæлдис Венгрийы  премьер-министр Виктор Орбанимæ.

Фарсытæ  Гуырдзыстоны æмæ Венгрийы  æхсæн  уæвæг хæлар ахастытæ æркастысты æмæ бангысан кодтой   партнерады райтынг  кæныны æрдгæй  фæстаг азты цы позитивон фæстиуджытæ ис  уыдон.

Хъусдард здæхт уыдис,  секторон  цæдисты  дарддæры  ауæрæхы нысаниуæгыл  æмæ дыууæ бæстæйы æхсæн æхсæнхицауадон комиссийы  фæлгæтты   баффыст  документты  ролмæ ацы  æрдæм.

Бахахх ис Венгрийы  хъæддых  фарсхæцæг позици Гуырдзыстоны европаг  æмæ евроантлантикон  интеграцийы æрдæм. Банысан ис, цæмæй  Венгрийы  куыд   евроцæдисы   фидæн  сæрдар бæстæйы фидар фарсхæцынæн ноджы   стырдæр нысниуæг цæуы лæвæрд, уымæн æмæ Гуырдзыстоны  хицауады тыхархайд здæхт у  бæстæйы европаг  интеграийы процессы  дарддæры  этапмæ ахизынмæ.

Ныхас уыдис дыууæ  бæстæйы æхсæн  уæвæг   базарадон-экономикон  цæдистæ ноджы фæарфдæр кæныны  перспективæмæ, афтæма ахуырады  æмæ културæйы  сферæты фæстиуæгджын æмгуыстадмæ.

Информаци публикаци кæны Гуырдзыстон премьер-министры пресс-куыст.