Илья Дыккагы сæрмагонд дохтыр нæ бæлвырд кæны информаци, цыма Патриархы нымæрдар-референтæн  коронавирус сбæрæг ис
Илья Дыккагы сæрмагонд дохтыр нæ бæлвырд кæны информаци, цыма Патриархы нымæрдар-референтæн коронавирус сбæрæг ис

Æппæт Гуырдзыстоны  Каталикос-Патриарх Илья Дыккагы  сæрмагонд  дохтыр  Цисана Шартава  нæ бæлвырд кæны цæмæй, патриархы нымæрдар-референт Шорена  Тетруашвилийæн  «Ковид-19» не сбæрæг ис.

Цисана Шартава   Фыццаг Каналимæ  ныхасы дзуры, цæмæй  Патриархы  нымæрдар-референт   хиизоляцийы ис фæрынчынуæвæгимæ контакты тыххæй  æмæ йын лабораторион басгæрст  нæ уыд.

Патриархы сæрмагонд  дохтыры дзырдæй,  Шорена Тетруашвилиимæ иумæ,  изоляцийы  ис  йæ  æмкусæг дæр,  кæцыйы  дзуапп «Ковид-19»-ыл нырма  æппæрццаг у.  Цисана Шартавайы  æмбарынгæнæнмæ  гæсгæйæ,   инфициргонд  аргъуанархайæгæн  Патриархимæ контакт нæ уыд.