Илья Дыккаг -  Венгри 2020 аз схуыдта бинонтæн кады аргъдзинады  афæдзæй,  мах дæр  хъуамæ ахъуыды кæнæм уый тыххæй
Илья Дыккаг - Венгри 2020 аз схуыдта бинонтæн кады аргъдзинады афæдзæй, мах дæр хъуамæ ахъуыды кæнæм уый тыххæй

Венгри 2020 аз  расидтис  бинонты кады афæдзæй, мах  дæр хъуамæ  ахъуыды кæниккам  ууыл –  уый фæдыл  банысан кодта  Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх  Илья дыккаг  Самебайы  аргъуаны динамынды  рæстæджы.

Патриарх  алкæмæн  раарфæ  кодта Адрианы æмæ  Наталиайы бæрæгбон.

«Сымахæй  бирæтæн у  уæ ном Наталиа æмæ уын арфæ  кæнын уæ  аудæг зæды бон.

Фæнды мæ  дыууæ ныхасæй  уын бакой кæнон, цæмæй ис  аргъдзинæдтæ, кæцытæ ма хъуамæ  ферох кæнæм.  Ай  у националон  хæзна,   ай  у  бинонтæн кады аргъдзинад.

Зонут æй  ацы  бонты  нæм уазæгуат уыдис  Венгрий  президент  æмæ  уый расидтис  2020  аз,  бинонтæн кады  афæдзæй.  Мах  хъуамæ  ахъуыды кæнæм  ацы хъуыддагыл.

Æз уын бирæ  хæттыты бакой кодтон  цæмæй  уæ ныйарæг арфæ уын  у   Хуыцауы  арфæ.  Уæ ныйарджытимæ  куы  амбæлут,  уæд сæ иу  арфæ  ракурут:  раарфæ мын кæн нана; ракув мын баба.

Библийы  мидæг дзырдæуы: «Скад кæн  дæ фыдæн æмæ дæ мадæн, цæмæй дæм фарн уа æмæ дæргъбойнон уай а дунейыл».  Уый уын уый тыххæй   баконй кæнын, цæмæй амондджын уат, цæмæй  уæ уд  байрайа.

Хуыцауы арфæйæ хайджын ут æмæ уын  амондджын бинонтæ уæнт Хуыцауы хорзæхæй» – райхъусын кодта Илья Дыккаг.