Илья Дыккаг -  Ноджы уæм иу хатт сидын, иумæ лæууæм, иумæ аразæм хъуыддаг
Илья Дыккаг - Ноджы уæм иу хатт сидын, иумæ лæууæм, иумæ аразæм хъуыддаг

Хуыцау  Гуырдзыстоныл уæззау  дзуар  сæвæрдта,  кæцыйæн гуырдзиаг адæм хъуамæ  бафæраза æмæ йæ Голгофæмæ  схæсса.  Нæ  зæрдыл хъуамæ дарæм  цæмæй Голгофæйæ  нæ фæуыдзæн,  нæ дзуар кæй  хæссæм уый,  Голгофæйы фæстæ  уыд дзуарæфтыд, уый фæстæ та – Куадзæн –  уый фæдыл Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос Патриарх  Илья Дыккаг райхъусын кодта   динамынды рæстæджы  Сионийы аргъуаны.

Патриарх æппæт Гуырдзыстоны цæрджытæн раарфæ кодта  Майрæмы Куадзæн.

«Алкæмæн арфæ кæнын ацы  рæстдинон  бæрæгбон, майрæмы Куадзæн. Бирæ хатт хъуыды кодтон  цæмæй  Хуыцауæй  хæорзæхджын стæм,  Хуыцау нæ æгæр схорзæхджын кодта,  æви истæмæй   хъуаг стæм?  Вæццæгæн дыууæ дæр.  Байрай Гуырдзыстон, Майрæмы хайджын бæстæ. Ацы афæдз уыдзæн срæмагонд.

Хуыцау  Гуырдзыстоныл уæззау  дзуар  сæвæрдта, фæлæ  иурæстæгонæй  нын Дунесфæлдисæг  уый  тых ратта, цæмæй   ацы  уæззау  дзуар  рахæссæм.  Алчи йæ  иумæ  хъуамæ хæссæм,  нæ тыхтæ хъуамæ  æрымбырд кæнæм æмæ иумæ  ахæссæм  нæ   дзуар   фæстаг фæндагыл.  Нæхъуаджы у  уый хъуыды кæнын цæмæй искæмæй  хуыздæр  кæнæ  искæмæй  фылдæр стæм.  Хуыцауæн бузныг  ацы  стыр фарны тыххæй.  Сидын уæм ноджы иу хатт,  цæй ма  иумæ уæм иумæ  кæнæм  нæ хъуыддаг» – райхъусын кодта Илья Дыккаг.