Илья Дыккаг – Хуыцауæй æххуысæй арæх хайджын стæм фæлæ  бузныг  нæ фæвæййæм, адæймаг Хуыцауæн бузныг ма хъуамæ рох кæна
Илья Дыккаг – Хуыцауæй æххуысæй арæх хайджын стæм фæлæ бузныг нæ фæвæййæм, адæймаг Хуыцауæн бузныг ма хъуамæ рох кæна

Адæймаг арфæгæнæг хъуамæ уа кæддæриддæр, ма хъуамæ рох кæна  Хуыцауæн бузныг, –   уый фæдыл Æппæт Гуырдзыстоны  Каталикос Патриарх  Илья Дыккаг  Самебайы  кафедралон аргъуаны  хуыцаубонон куывды рæстæджы  банысан кодта.

Патриарх  Хуыцаумæ арфæйы  равдысты   нысаниуæгыл фæныхас кодта.

«Абон мах   Хуыцауæй  бузныг  стæм, æз сæрмагондæй, аргъуаны номæй,  адæмы номæй. АБон у патриархæй  сæвзæрсты  бон 23  декабры  сырæзт сыгъдæг синоды   æмбырд  æмæ   Хуыцау сфæнд кодта  цææмй  мæ  сæвзæрстаиккой,  Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриархæй.  Хуыцауæн бузныг дæн, цæмæй  мæ  бахæсджын кодта ацы  уæззау дзуар хæссын. Хуыцау дын  ай йас  бæрн куы дæтты уæд  дын дæтты  уый тых дæр, цæмæй  сфæразай.

Кад  æмæ бузныг Хуыцауæн,  æмæ бузныг сымахæн, мæ  уарзон адæм.  Уæ æххуысæй нæ  бахъом уыдаин  ай йас азы дæргъы   ацы дзуар хæссын. Кад æмæ бузныг Хуыцауæн»-  уый фæдыл  Илья Дыккаг  хуыцаубонон  динамынды рæстæжды  райхъусын кодта.