Гуырдзыстоны президент ЕÆÆО-ы  архайæг сæрдаримæ фембæлд
Гуырдзыстоны президент ЕÆÆО-ы архайæг сæрдаримæ фембæлд

Гуырдзыстоны  президент Саломэ Зурабишвили, Гуырдзыстонмæ кусæн визитæй уæвæг, ЕÆÆО-ы  архайæг сæрдар  Словакийы  Республикæйы æддæ æмæ  Европаг хъуыддæгты  министр  Мирослав Лайчакы  райста.

Президенты администрацийы  информацийæ, фембæлдыл æркастысты  Гуырдзыстоны  æмæ ЕÆÆО-ы  æмкуысткæнынады   фарстатæ æмæ Гуырдзыстон-СЛовакийы ахастыты   фæарфдæры фарстатæ.

Бахахх кодтой  ЕÆÆО-ы  фарсхæцыны  æмæ  окукпацигонд  Гуырдзыстоны   регионты  æнæбанымады  политикъæйы  нысаниуæг.  Фæлды рæстæджы, æркастысты  ЕÆÆО-ы   архайæг сæрдар  куысты приоритеттæ, Уæрæсейы  æрдгæй   Гуырдзыстоны  регионты  оккупацийы  иттæг уæззау  фæстиуджытæ,  конфликтæй  зианбаййафæг  цæрджыты  уавæр,  оккупацигонд регионты  адæймаджы барты  хæлды фактытæ, уæззау  гуманитарон   уавæр æмæ  регионты  уæвæг  æдасдзинады æрдгæй уавæр.

Саломэ Зурабишвили æмæ Мирослав Лайчак  фæныхас кодтой Гуырдзыстон-Словакийы  ахахстытæ  рапарахат кæнын æмæ  фæарфдæр кæныны фæдыл,  сæ нымæцы  дыууæ бæстæйы   регионты  æхсæн,   къуындæг æмкуысткæнынад æрфидар кæныны   нысаниуæгыл.