Гуырдзыстоны парламент бæстæйы уæлрадон уавæры 22  зæрдæвæрæнмæ  адарддæримæ сразы ис
Гуырдзыстоны парламент бæстæйы уæлрадон уавæры 22 зæрдæвæрæнмæ адарддæримæ сразы ис

Гуырдзыстоны парламент бæстæйы уæлрадон уавæры 22  зæрдæвæрæнмæ адарддæр кæныны фарстимæ сразы ис.

Фарста абон   парламенты уæлрадон сессийы пленарон  рабадтыл æркастысты  æмæ  йын схъæлæс кодтой.

Уæлрадон уавæр 22   зæрдæвæрæнмæ   адарддæримæ  сразы ис 97 депутат,  10-æй  та  йæ ныхмæ схъæлæс кодтой.

Уæлрадон уавæры  адарддæр фарстайыл    парламенты  рабадтыл   Гуырдзыстоны президент  Саломэ Зурабишвили   фæныхас кодта.   Афтæма   хицауады  æрдгæй   фарста хицауады  администрацийы  хистæр  Натиа Мезвришвили   бавдыста.

Ног коронавирусы  пандемийы  тыххæй,   Гуырдзыстоны   уæлрадон уавæр, 21 марты  иу мæййæ, 21  апрелмæ  расидтæуыд.  Знон та, хицауад  президентæн   уæлрадон  уавæры  22 зæрдæвæрæнмæ  адарддæр  кæныны куырдиат бавдыста. Гуырдзыстоны президент  Саломэ Зурабишвили  æмгъуыд  адарддæр кæныныл йæ къух  бафыста æмæ  æмбæлон бардзырд рауагъта.