Гуырдзыстоны, коронавирусæй рынчын авд пациент амард
Гуырдзыстоны, коронавирусæй рынчын авд пациент амард

Гуырдзыстоны, ивгъуыд 24 сахаты  мидæг, коронавирусæй рынчын ноджы авд  пациент  фæхъуыд. Уый фæдыл  информаци  фехъусын кодта Тбилисы инфекцион рынчындоны  боксиргонд хайады  къухдариуæггæнæг Марина Энделадзе.

Æмтгæй райсгæйæ,  бæстæйы  вирусæй  рынчын 143 адæймаг  амард.

Абон Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  1 186  ног цау сбæрæг ис.   Æмтгæй  райсгæйæ,  Гуырдзыстоны ацы рæстæгмæ, бæрæг у   коронавирусæй инфицирады   18 663  цау. Снæниз сты  ноджы 278  пациент æмæ сæ æмтгæйон нымæц  у  8338 .

Знон Гуырдзыстоны  рабæрæг ис  коронавирусæй инфицирады  1 192   цау, снæниз сты 233 пациент.