Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 8 728 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 8 545  пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 8 728 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 8 545 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  8 728   ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 8 545   пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 43 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  63 605    адæймагæн, сæ  нымæцы –  33 350  антигены тестæй  æмæ   30 255  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 13,72%, фæстаг 14 боны –  10,44%, фæстаг  7 боны  – 10,93%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   1 015 592 цау, уыдонæй  943 212    сæнæниз сты, 14 555   та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 632 527  адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 9 340.

Карантины режимы сты 43адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 386, клиникон фысымуаты ис  1 896 уæнгы.

Знон, 18  январы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  7 521   ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  3 160    пациент, 31 адæймаг та  амард.