Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 4 226 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 4 091 пациент
Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады 4 226 ног цау. Уый фæдыл информаци публикацигонд уыд Гуырдзыстоны хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.
Бæстæйы фæстæг 24 сахаты мидæг сæнæниз ис ноджы 4 091 пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 53 пациент амард.
Фæстаг 24 сахаты бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт 55 130 адæймагæн, сæ нымæцы – 33 673 антигены тестæй æмæ 21 457 та – «PCR» тестæй.
Бæстæйы коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 7,67%, фæстаг 14 боны – 8,31%, фæстаг 7 боны – 7,96%.
Фæнысангонд информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ, бæрæг у коронавирусæй инфицирады 875 806 цау, уыдонæй 817 963 сæнæниз сты, 12 519 та амард.
Гуырдзыстоны масштабæй низы ныхмæ æфтыд сты 2 264 582 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 11 943.
Карантины режимы сты 39 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 6 371, клиникон фысымуаты ис 1 189 уæнгы.