Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 953 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 085  пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 953 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 085 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  2 953  ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд    Гуырдзыстоны  хицауады арызт специалон веб-фарсыл stopcov.ge.

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 1 085    пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 31 пациент  амард.

Фæстаг  24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй басгæрст сырæзт  25 745  адæймагæн, сæ  нымæцы –  15 240  антигены тестæй  æмæ   10 505  та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстаг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 11,47%, фæстаг 14 боны –  7,76%, фæстаг  7 боны  – 9,57%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   962 827  цау, уыдонæй  913 528   сæнæниз сты, 14 218  та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  2 553 749   адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 1 899.

Карантины режимы сты 69 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 4 409, клиникон фысымуаты ис  1 694  уæнгы.

Знон, 9  январы, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады  3 842    ног цау  сбæрæг ис,  сæнæниз сты  777  пациент, 31 адæймаг та  амард.