Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 533 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 762 пациент
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 2 533 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз ис 1 762 пациент

Гуырдзыстоны сбæрæг ис коронавирусæй инфицирады  2 533  ног цау. Уый фæдыл  информаци публикацигонд уыд  Гуырдзыстоны хицауады специалон веб-фарс stopcov.ge – ыл .

Бæстæйы  фæстæг 24  сахаты мидæг  сæнæниз ис   ноджы 1 762  пациент. Гуырдзыстоны коронавирусæй рынчын ноджы 57  пациент  амард.

Веб-фарсыл  публикацигонд информацийы куыд у банысангонд, уымæ гæсгæйæ,   фæстаг 24 сахаты  бæстæйы масштабæй тестæй иртæст сырæзт 34 383  адæймагæн, сæ  нымæцы –  19 987 антигены тестæй  æмæ   14 396 та – «PCR» тестæй.

Бæстæйы  коронавирусæй инфицирады фæстæг æрвылбойнон бæрæггæнæн  у  – 7,37%, фæстаг 14 боны –  8,09%, фæстаг  7 боны – 7,5%.

Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг  у  коронавирусæй инфицирады   579 031    цау, уыдонæй  536 321  сæнæниз сты, 8 146 та  амард.

Гуырдзыстоны масштабæй  низы ныхмæ æфтыд сты  – 1 467 065 адæймаг, æрвылбойнон бæрæггæнæн у – 25 132.

Карантины режимы сты 87 адæймаг, стационары цæстдарды бын – 6 214, клиникон фысымуаты сты 1 780  уæнгы.