Гуырдзыстоны ивгъуыд 24 сахаты мидæг коронавирусæй рынчын ноджы 39 пациент амард

Абон  уæвæг уавæрæй,  фæстаг 24 сахаты мидæг    коронавирусæй рынчын  ноджы  39 пациент амард, – Уый фæдыл  информаци æхсæнуагдонон   координацион советимæ архайæг  операцион штабы  хистæры хæдивæг  Бердиа Сичъинава хицауады администрацийы   брифингы рæстæджы загътæ.

Гуырдзыстоны   «Ковид-19»-æй  рынчын фæмардуæвджыты нымæц  у  1 342.

Абон Гуырдзыстоны  рабæрæг ис  коронавирусæй инфицирады 4 033  ног цау. Снæниз сты   4 061 адæймаг. Фæнысангонд   информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ, бæрæг у   коронавирусæй инфицирады   143 376 цау, уыдонæй   121 621 снæниз сты.