Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл, сомихаг æмæ азербайджайнаг скъолаты ахуыргæнинæгтæн,  онлайн-олимпиадæ райдайдзæн
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл, сомихаг æмæ азербайджайнаг скъолаты ахуыргæнинæгтæн, онлайн-олимпиадæ райдайдзæн

Абонæй  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл, сомиха æмæ азербайджайнаг  скъолаты  ахуыргæнинæгтæн,  онлайн-олимпиадæ   райдайдзæн. Олимпиадæйы  хайад райсын  сæ  бон  у  æнæгуырдзиагæвзагон скъолаты  7-æм классты  ахуырдзаутæн. Хайад райсыны фæндон равдыстой  200-йы  онг  скъоладзау, кæцытæй   равзæрстой  цалдæр куырдиаты.  Проекты нысан у  гуырдзиаг æвзаджы популяризаци  уыцы  регионы,  цы ран  не æмбæстаг  этникон  къаддæрæдрты  минæвæрттæ цæрынц.

Проекты  иуæй-иу  хай у Гуырдзыстоны регионты  æнæгуырдзиагæвзагон   скъолатæн   гуырдзиаг  æвзаджы, онлайн-олимпиадæ  ауадзын.  Ацы  аз  прокект æххæст цæуы  АИШ-ы  минæварады  æххуысæй.  Онлайн-олимпиадæйы алы  хайадисæгмæ  лæвæрд  æрцæудзæн сертификат хайадрайсты фæдыл. Æрмæст  æртæ уæлахиздзауы  схорзæхджын кæндзысты  призтæй. Афтæма, схорзæхджын кæндзысты  уæлахиздзау   ахуырдзауты гуырдзиаг æвзаг æмæ литературæйы  педагогты.

Проекты фейсбук-фарсыл – „ჩვენი ქართული ენა“ (нæ гуырдзиаг æвзаг) – рæстæгæй-рæстæгмæ  цæудзысты  викторинæтæ. Бавдыст фарстыл  раст дзуаппы  цауы,   æнæгуырдзиагæвзагон  скъолаты  ахуырдзаутæм лæвæрд æрцæудзæн  призтæ.  Плангонд у  афтæдæр   сæрибар темæ  ныффыссын и сæргондæй  «Нæ гуырдзиаг æвзаг».

Афтæма, Гуырдзыстоны Фыццаг Канал – Ахуырад-ы  эфиры,  «телескъолайы»  азербайджайнагæвзагон æмæ сомихагæвзагон  скъолаты ахуыргæнинæгтæн, гуырдзиаг æвзаджы  уроктæ  нырид  цалдæр къуыри у  цы  цæуынц.