Гуырдзыстоны АИШ-ы  минæварад -  «Рустави 2»-ы хъуыддагыл тæрхоныскъуыд  хъуамæ сыххæст уа  рæстагæй,  аполитикъонæй
Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад - «Рустави 2»-ы хъуыддагыл тæрхоныскъуыд хъуамæ сыххæст уа рæстагæй, аполитикъонæй

Гуырдзыстоны  Америкæйы Иугонд Штатты минæварад Страсбургы  тæрхондон,  «Рустави 2»-ы хъуыддагмæ гæсгæ  тæрхоныскъуыды тыххæй  фидиуæн аразы.

Æмбæлон  фидиуæн  социалон  хызаг «Фейсбукы»  минæварады фарсыл æрцыд публикацигонд.

Фидиуæны банысангонд у, цæмæй тæрхонон уынаффæ  хъуамæ  сæххæст уа  рæстагæй,   аполитикъонæй æмæ   ифтонггонд хъуамæ  уа медийы  хъуыдыты  хъауджыдæрдзинады  егъау  нымæцы фадат.

«Мах лæмбынæг нæ  хъус дарæм  адæймаджы барты  еропаг  тæрхондон «Рустави 2» хъуыддагыл  18  июлы тæрхоныскъуыды  алыварс   сырæзт уавæрмæ.   Дзырды сæрибар  æмæ  плюралистон   медиаæрдз  демократийы  бындур  сты.  Курæг стæм, цæмæй   тæрхоныскъуыд   сæххæст уа рæстагæй,  аполитикъонæй  æмæ срæвдзæуа   медийы  хъуыдыты хъауджыдæрдзинады  егъау нымæцы фадат.

Америкæйы Иугонд Штаттæ  дарддæр кæны   Гуырдзыстонæн фарс хæцын  дзырды  сæрибары хъахъхъæды æмæ  бирæгъуызон медиаæрдзы химæ æруадзыны хъуыддаджы», – дзырдæуы  минæварады  фидиуæны.