Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад - разы стæм OSCE/ODIHR-ы фыццагон аргълæвæрдимæ, ома  парламентон æвзæрстытæ   конкурентон аууæлтты  æмæ  æмтгæй райсгæйæ сæйраг сæрибардзинæдтæ  хъахъхъæнгæйæ   ацыд
Гуырдзыстоны АИШ-ы минæварад - разы стæм OSCE/ODIHR-ы фыццагон аргълæвæрдимæ, ома парламентон æвзæрстытæ конкурентон аууæлтты æмæ æмтгæй райсгæйæ сæйраг сæрибардзинæдтæ хъахъхъæнгæйæ ацыд

Гуырдзыстоны АИШ-ы  минæварад   31  октябры   парламентон  æвзæрстыты фæдыл  публикаци кæны  фидиуæн.

Фидæуæны мидæг  дзырдæуы,  цæмæй  минæварад  разы  у  OSCE/ODIHR-ы  фыццагон аргълæвæрдæй,  ома  «Гуырдзыстоны  парламентон æвзæрстытæ   конкурентон аууæлтты  æмæ  æмтгæй райсгæйæ   сæйраг  сæрибардзинæдтæ  хъахъхъæнгæйæ   ацыд, фæлæ  æвзæрстгæнджытæн  хъомыс дарыны фæдыл  ахæлиугонд  аххосæгтæ, хицаугæнæг парти  æмæ  паддзахады æхсæн  арæн мигъджын кæй  у уый   æвзарæнон  процессы  иуæй-иу  аспекты æрдæм  æхсæнады  æууæнк  къаддæр  кодта» .

Минæварад   алы  политикон партимæ  сиды, «Сæ  зæрдыл бадарæт  фæнысангонд  аиппытæ  дыккаг туры  æмæ  дарддæры æвзæрстыты рæстæджы» .

«АИШ-ы минæварад райгонд у æвзæрстгæнджыты бæрзонд активондзинадæй   зноны  парламентон æвзæрстытыл  æмæ   Ковид-19 пандемийы  афон дæр,  гуырдзиаг адæмы  демократимæ равдисгæ  æмзæрдæдзинадæй.  Бæстæйы  масштабæй,  мингай  бæрнон  æвзарæнон кусæг  æмæ   профессионал  цæстдарæгон  къордтæ аргъскæнын æмæ бузныгы аккаг сты  æмæ  æвзарæнон асыккыты цур  æвзæрстгæнджыты  хъæлæс  скæныны  бар сифтонг кæнынæ  цы куыст   сыххæст кодтой уый тыххæй.

Америкæйы минæварад   разы у OSCE/ODIHR-ы фыццагон аргълæвæрдимæ, ома  «Гуырдзыстоны  парламентон æвзæрстытæ   конкурентон аууæлтты  æмæ  æмтгæй райсгæйæ   сæйраг  сæрибардзинæдтæ  хъахъхъæнгæйæ   ацыд. Æнæкæсгæ уымæ, æвзæрстгæнджытыл æлхъывды фæдыл  уæрæхæй  ахæлиугонд  аххосæгтæ æмæ  хицаугæнæг  парти æмæ паддзахады  æхсæн арæн мигъджын  кæй  у уый, æвзарæнон  процессы  иуæй-иу  аспекты æрдæм  æхсæнады  æууæнк  къаддæр  кодта». Курæг стæм  алы партийæ,  сæ  зæрдыл бадарæт  фæнысангонд  аиппытæ  дыккаг туры  æмæ  дарддæры æвзæрстыты рæстæджы.  Æвзæрстыты процессмæ бахъавны  ацы  архæйдтæ:  æвзæрстгæнджыты  тасы æфтауын, балхæд, хъæлæскæныны  сусæгдзинад халын,  партион æмæ  официалон  куыст, кæрæдзийæ   æнæдырысæй фæхицæн  æмæ  æвзарæнон цæстдарджытыл æмæ  журналисттыл тыхмидзинад,  æнæкæсгæ уымæ, цæмæй  фæстиуджыты  æнæлегитимонæй  банымадæн  æгъгъæд не сты,  дарддæр кæнынц  Гуырдзыстоны æвзарæнон процессæн знаггад кæнын æмæ нæрайсгæ сты.

Мах разы стæм   æвзæстгæнджыты æмæ   партитæ   уæвæг  барадон процедурæтæй  спайда кæнынимæ æвзæрстытимæ баст  хъастытæ бавдисынæн. Ахсджиаг у, æмбæлгæ падздахадон  уагдæттæ, æвзæрстытимæ баст  алы  аргументиргонд   халындзинад  объективонæй равзара  æмæ Гуырдзыстоны  законмæ гæсгæйæ,  реагир кæн  хъастытыл. Уырнинаг  хъастыты  рæстагæй,   рухсдзыдæй  æмæ йæ  афоныл   алыг  ахсджиаг у уымæн цæмæй   гуырдзиаг адæмæн æвзæрстыты фæстиуджыты   легитимондзинадмæ æууæнк уа.

АИШ дарддæр кæндзæн æвзæрстыты цыдмæ  æнувыд хъус дарын, уый нымæцы,  куыд каст цæудзысты  хъасттæ, аппеляцийы   процессмæ æмæ   фæдылдзог раунды кампанимæ.  Курæг  стæм Гуырдзыстоны æмбæстæгтæй,  бабыхсæт, цæмæй   процесс  ацæуа æнцадæй, сабырæй  æмæ   кæрæдзийæн цытæй,  Гуырдзыстоны  закондæттандмæ æмæ æхсæнадæмон   стандарттæмæ æмæ практикæмæ  æмбæлгæйæ.  Алы фарс дæр хæсджын сты  сфитонг кæнын æвзарæнон кодексы  имплементаци  æмæ сæххæст.

Ацы æвзæрстыты агъоммæ периоды  цы реформæтæ  æрцыд ист, уым рагхыгъд уыдис  раззаг æвзæрстытыл  фиксиргонд  иуæй-иу  аиппытæ.  Сидæм  фæдылдзог парламентмæ, ауадзæт  уæлæмхас   реформæтæ  уыцы  аиппытæ схафынæн, кæцы банысангонд у ODIHR-ы æвзарæнон аргълæвæрды.  Кæддæриддæр куыд у  афтæ  ныр дæр АИШ дарддæр  кæны æнцой дарын Гуырдзыстоны тыхархайдæн,  фæхуыздæр кæна æвзарæнон процесс æмæ  срæвдз кæны ноджы  тыхджындæр  демократи» – дзырдæуы  фидиуæны.