АИШ-ы минæварад публикаци кæны информаци паддзахадон департаменты санкциты координацидзинады офисы къухдариуæггæнæг Джеймс O’Брайен ы  Тбилисмæ визиты фæдыл
АИШ-ы минæварад публикаци кæны информаци паддзахадон департаменты санкциты координацидзинады офисы къухдариуæггæнæг Джеймс O’Брайен ы Тбилисмæ визиты фæдыл

Гуырдзыстоны  Америкæйы Иугонд Штатты   минæварад  паддзахадон департаменты  санкциты координацидзинады  офисы  къухдариуæггæнæг, Джеймс O’Брайены Гуырдзыстонмæ визиты  фæдыл информаци публикаци кæны.

Информацийы куыд у банысангонд афтæмæй,   минæвар Джеймс O’Брайен  27 июны Тбилисмæ фæуазæг уыдзæн, цæмæй Гуырдзыстоны  хицауады  минæвæрттимæ  æркæса   иумæйаг   интересты  фарстатæ, сæрмагондæй та, санкцитæ æмæ сæ  эффективон сыххæст.

«Ацы визиты   нысан у  коммуникацийы   комкоммæ  каналы  æмæ фидæнон æмгуыстадон диалогы  сфидар кæныню ацы иумæйаг визиты  афтæдæр хайад райсдзысты   Евроцæдисы  санкциты  минæвар Девид O’Салливан æмæ  Кумар  Айер, Стыр Британийы  хицауады æддагон,  æмгарады  æмæ  рæзынады  офисы   экономикæйы,  зонæдты æмæ  технологиты   генералон директор.

Визиты фæлгæтты  фембæлдтæ уыдзæн   премьер-министр Ираклий Гъарибашвилиимæ, фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвилиимæ, вице-премьеры æмæ экономикæйы  министр Давиталшвилиимæ,  финансты министр Хуцишвилиимæ,  Националон Банкы  фыццаг  вице-президент   Турнаваимæ æмæ генералон прокуррор  Шотадзеимæ.

Нæбыхсгæйæ  æнхъæлмæ кæсæм  æнгом  æмгуыстад адарддæрмæ æмæ  тыхайрхайд стынг кæнынмæ  санкциты иуварс ацыд маруадзыны нысанæн,  Уæрæсе дарддæр кæны   æ=буалгъ хæст  Украинайы  ныхмæ», –   банысангонд у  Гуырдзыстоны АИШ-ы  ахæлиугонд  информацийы.