Гуырдзыстоны АИШ минæварад публикаци кæны информаци, минæвары постмæ Келли Дегнаны бавдисыны фæдыл
Гуырдзыстоны АИШ минæварад публикаци кæны информаци,  минæвары постмæ  Келли Дегнаны бавдисыны фæдыл

Гуырдзыстоны Америкæйы Иугонд Штатты минæварад публикаци кæны информаци,  минæвары постмæ  Келли Дегнаны бавдисыны фæдыл .

Социалон хызаг «Фейсбукы»  минæварады веб-фарсыл куыд банысангонд афтæмæй, АИШ-ы  президент Дональд Трамп  Гуырдзыстон АИШ-ы сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвары постмæ калифорнийаг  Кели Дегнаны  бавдыста.

«Фæдылдзог этап АИШ-ы æддæ ахастыты  комитеты нысангонд  рæстæджы, æхсæнадон  уынаффæ уыдзæн», – нысан кæнынц  минæварады.

Келли Дегнан ныр Европæйы æмæ Африкæйы АИШ-ы  æфсæддон  денджызон  тыхты  сæрдары  политикъон уынаффæгæнæг  у.  Уæдмæ та, уый Косовойы æмæ Италийы, АИШ-ы  дипломативон миссийæн къухдариуæггæнæгæй куыста. 1993 азы  фæстæ, АИШ-ы  паддзахадон департаменты куыст райдаынæй  Келли  Дегнан дипломативон   миссийæ уыд Афгъанистаны, Турчы, Ботсванна æмæ Пакистаны.

Гуырдзыстоны АИШ-æн, минæвар  ивгъуыд азы  уалдзæгæй нал ис. Ацы  пост ахста Ян Къелли, кæцы  фæнысангонд  постыл кусын, ивгъуыд  азы уалдзæджы фæцис.  Ныр Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвары хæстæ æххæст кæны Элизабет Руд.