Гуырдзыстоны  ацы рæстæгмæ  коронавирусы  108  цау  у бæлвырд, уыдонæй 20  пациент сдзæбæх сты
Гуырдзыстоны ацы рæстæгмæ коронавирусы 108 цау у бæлвырд, уыдонæй 20 пациент сдзæбæх сты

 

Гуырдзыстоны  коронавирусы ноджы  фондз ног  цау  рабæрæг ис.    Информаци  уый фæдыл  фæзындис  Гуырдзыстоны хицауады  специалонæй  арызт  веб-фарс stopcov.ge -ыл.

Уымæ гæсгæйæ,   ацы рстæгмæ   Гуырдзыстоны  коронавирусæй фæрынчыны  108  цау  у бæлвырд, уый нымæцы  вирусæй  сдзæбæх сты  20 адæймаг.

Карантины  сты 5114 адæймаг, æрмæст стационары  цæстдарды бын – 263 уæнг.