Гуырдзыстоны 14 сахары æмæ дунейы сæйраг сахарты иурæстæгонæй, 17:10 сахатыл Гуырдзыстоны гимн азардзысты
Гуырдзыстоны 14 сахары æмæ дунейы сæйраг сахарты иурæстæгонæй, 17:10 сахатыл Гуырдзыстоны гимн азардзысты

Гуырдзыстоны  хæдбардзинады  бон снеысан кæнынæн, абон  Гуырдзыстоны 14  сахары иурæстæгонæй, 17:10  сазатыл  азардзысты Гуырдзыстоны гимн.

«1918  азы 26 майы, хуыцаубон,  раст 17:10 сахатыл,  Гуырдзыстоны националон совет,  паддзахадон хæдбардзинады акт райста.

26 майы  раст уыцы  рæстæджы, 17:10  сахатыл æмбырд кæнæм  æмæ  азардзыстæм гимн  сæрибардзинадæн Гуырдзыстоны  ацы сахарты:

Тбилис- Сæрибары  фæзуат

Рустави – Сæрибары фæзуат

Батуми – Эрайы фæзуат

Телави – Эреклэе Дыккагы фæзуат

Марнеули- Шота Руставелийы уынг

Гори – Сæйраг фæзуат

Ахалцихе – Рабаты  гæнах

Ахалкалаки – Сæрибары  фæзуат

Кутаиси – Цисперхъанцъелебиты уынг

Амбролаури – Централон фæзуат

Зугдиди –  Централон  фæзуат

Местиа –  Сгимиери-Сетъийы фæзуат

Поти – Руставелийы зилдух

Озургети – Чъадребийы  паркъ» –  банысангонд у  26 майы  амæлтты  организацигæнæг къорды  ахæлиугонд информацийы.

Афтæма  Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты  министрады  хъусинагæй,  17:10  сахатыл националон гимн, æндæр æмæ æндæр ьæстæты сæйраг сахарты  азардзысты.  Америкæйы, Европæйы, Азийы  æмæ  Æввахс Скæсæны бæстæты,  сæ нымæцы:  Малайзийы,  Узбекистаны, Эстонийы, Испанийы, турчы, Иралндийы, Германийы, Данийы, Бельгийы, Венгрийы, Молдовайы, Израилы, Бразилийы, АРгентинайы, СТыр Британийы, Нидерландты, Латвийы, Швецийы, Азербайджаны, Сомихыстоны, Словенийы, Францы, Украинæйы, Лиетувæйы, Гуырдзыстоны  дипломативон мисситы  æмæ   гуырдзиаг  диаспорæйы   минæвæрттæ  æрымбырд уыдзысты æмæ националон гимн  азардзысты.