Гуырдзыстон Сирийимæ дипломативон ахастыты аскъуыныны процедурæтæ уадзын райдыдта
Гуырдзыстон нырид райдыдта процедурæтæ Сириимæ дипломативон ахастыты аскъуыныны тыххæй – уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг. Давит Дондуа, абон уагъд брифингыл райхъусын кодта.
Дондуа куыд банысан кодта афтæмæй, 2012 29 майы Сирийы режим, Уæрæсейы æрдгæй манипуляциты фæстиуæгæн, рахаста æнæзакъонон уынаффæ æмæ æхсæнадæмон барады принципты хæлдæй нымадмæ райста Абхазийы æмæ Хуссар Ирыстоны а.х. хæдбарад.
«Фæнысангонд архайдæй, Асады режим йæ фарс рахæцыд Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны ныхмæ сæххæст æфсæддон агрессийæн æмæ азты дæргъы цæугæ этникон ныссыгъдæгæн» – райхъусын кодта Давит Дондуа.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстон ныридæгæн рывнæлдта Сириимæ дипломативон ахастыты аскъуыныны процедурæтæм.
Сирийы фæсарæн хъуыддæгты министрад, орккупацигонд Абхазийы æмæ «Хуссар Ирыстоны» нымадмæ райсты фæдыл фидиуæн хæлиу кæны.
«Сирийы ныхмæ террористон агрессийы фоныл, дыууæфарсон разыдзинадæй, Сирийы Арабты Республикæ æмæ Абхазийы æмæ «Хуссар Ирыстоны» республикæтæ æрныхас кодтой, кæрæдзийы нымадмæ райсты баивды фæдыл, Сирийы æмæ Абхазийы æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн ахастыты æрфидар кæныныл. Дипломативон ахастытæ бындурæвæрд цæуынц минæварадты æмвæзадыл» – банысангонд у фидиуæны.