Гуырдзиаг фарсы æмæ компани SGS –ы æхсæн къухбафыст æрцыд, Уæрæсе-Гуырдзыстоны æхсæн таможнæты администрирдзинады мониторингы контракт
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад Уæрæсе-Гуырдзыстоны æхсæн таможнæйы администрирдзинады мониторингыл Швейцариаг компани «SGS»-имæ контракты тыххæй хъусын кæны.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады фидиуæны банысангонд куыд у афтæмæй, гуырдзиаг фарсы æмæ Швейцариаг компани «SGS» (Société Générale de Surveillance SA) –ы æхсæн бадзырды кæронбæттæн раунд 2017 азы 19 декабры, Швейцарийы фæсарæн хъуыддæгты мнистрады руаджы сырæзт.
Уагдоны хъусинагæй, Гуырдзыстоны делегацийæ къухдариуæг кодта фæсарæн хъуыддæты министры хæдивæг Давит Дондуа æмæ делегацийы сконды та уыдыты фæсарæн хъуыддæгты, финансты, экономикæйы æмæ мидхъуыддæгты министрадты минæвæрттæ.
«Бадзырдты кæрон Гуырдзыстоны æфтиæгты куыст къух бафыста хъæугæ контрактыл компани SGS-имæ, кæцы хъуамæ срæвдз кæна «таможнæты администрирдзинады æмæ базайрагæй базаркæныны мониторингы сæйраг принципты механизмы фæдыл» Гуырдзыстоны хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы хицауадты æхсæн 2011 азы бадзырдæй зæрдылдаргæ мониторинг. 2011 азы бадзырды практикон реализацийæн, æнæмæнгхъæуæг у уый, цæмæй уæрæссейаг фарс къух бафысса аналогион контрактыл Швейцариаг компаниимæ æмæ уымæ æмбæлгæйæ дæр, фæрстæ æрывналой контрактæй лæвæрд хæстæ æххæст кæныны» -банысангонд у фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийы.