«Гуырдзиаг  Бæллицц»  рацыд инициативæйæ, цæмæй  æвзæрстгæнджыты  тыхыбын кæныны, тæрсын кæныны æмæ  хъæлæскæнынады сусæгдзинад халыны  цаутыл санкцитæ  фæкарздæр уа
«Гуырдзиаг Бæллицц» рацыд инициативæйæ, цæмæй æвзæрстгæнджыты тыхыбын кæныны, тæрсын кæныны æмæ хъæлæскæнынады сусæгдзинад халыны цаутыл санкцитæ фæкарздæр уа

Парти «Гуырдзиаг Бæллицц» рацыд  инициативæйæ, цæмæй  æвзæрстгæнджыты тыхыбын бакæныны, тæрсын кæныны æмæ  хъæлæскæнынад сусæгдзинад халыны  цаутыл   санкцитæ фæкарз уой.  Парламенты   сæрдар, Арчил Талаквадзе   брифингыл куыд  райхъусын кодта, афтæмæй, æмбæлгæ  закондæттæн  ивддзинæдтæ  нырид цæттæ сты æмæ  парламенты регистрацийы  абон  ауадздзысты.

Бавдисгæ инициативæмæ гæсгæ,  хъæлæскæнынад  сусæгдзинад халыны нысанæн,   æвзæрстгæнджыты  тæрсын кæнын кæнæ тыхыбын кæнын,   æндæр æмæ æндæр формæйæ фыдракæнд, раситдзæн  ивар  кæнæ мидахæст  æмгъуыдæй   æхсæз мæйæ  дыууæ азы онг,   кæнæ та  асхтæй  æртæ азы  онг æмгъуыдæй.

«Ацы ивддзинæдтæй  ноджы карздæр кæны   бæрн æвзарæнон  процессы  гæнæн барадсасты  æрдæм, æмæ рæзы  æвзæрстгæнджыты, сæ  сæрибар  æвзарыны  æмæ  ацы  æвзæрсты  сусæгдзинад хъахъхъæды  гъæд.  Нæ нысан у, 2020 азы  парламентон æвзæрстытæ  ацæуой  бæрзонддæр  демокративон  стандарттæй. Цыт кæнæм   æмæ æууæндæм  нæ  дзыллæйы   сæрибар  æвзæрстæн. Нæ  фарсхæцджыты ныфс нæ  ис æмæ нæ  уырны, цæмæй  «Гуырдзиаг Бæллицц»   фæуæлахиз уыдзæн  рæстаг æвзæрстыты»,-  райхъусын кодта Арчил Талакъвадзе.