Григол Вашадзе  Националон Змæлдæй ацыд
Григол Вашадзе Националон Змæлдæй ацыд

Æз аскуыддзаг кодтон  мæхи суæгъд кæнын  алы постæй  æмæ  мæхи айсын партийæ, –  уый фæдыл «Националон Змæлды» сæрдар Григол Вашадзе  фыссы  социалон хызагы.

«Тынг мын  зын кæны  ацы къахдзæф, фæлæ æндæр  амал нал уынын. 2017 азы январæй, цыппар  азы  дæргъы  архайдтон, цы мæ  бон уыд алцыппæт саразын, цæмæй парти стынг уыдаит,  сфидар кодтаит йæ позицитæ,  баззадаит сæйраг  оппозицион иугондæй æмæ  фæстиуæгæн  та йын  уыдаит Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæй  мандат хицауадмæ æрыздæхынæн», –  фыссы  Григол Вашадзе.

Йæ  ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ  уый нæ разы  кæны  партийы къухдариуæгады  фылдæры  хайæ  партийы  уæнгтимæ æнæконсультацитæй  æвзæрст тактикæимæ.

«Нæй  гæнæн  ма  смæсты уай  нæ стратегион   æмцæдисонты  дипломативон  мисситы къухдариуæггæнджыты  ныхмæ   лæбурдты æмæ   æфхæрыны  кампанийæ, кæцы зын бамбарæн у,  цы нысанæй   райдыдта.  Уымæй  стыр знаггад  исы Гуырдзыстоны ахастытæ  АИШимæ, Евроцæдисимæ  æмæ   Евроцæдисы  уæнг паддзахадтимæ.  Фæзындис тæлмæн, цæвиттон  ацы кампанийы  хайадисджытæ никуы  фехъуыстой, цæмæй  минæвармæ  лæбурд нымад цæуы  уыцы  паддзахадмæ лæбурдыл, кæцыйы  минæвар  дæр у, æмæ кæцы   хæдбарад ногæй рацарæзты бонæй  Гуырдзыстоны æмбæстæгтимæ иумæ нæ  паддзахады  æмæ   территорион  æнæхъæндзинады хъахъхъæнджытæ сты», – фыссы Григол Вашадзе  æмæ  журналисттæй  куры, цæмæй  уæлдай  фарстытæй  æмæ   комментаритæй  ма  сфæлмæцын кæной.

«Партийы уæнгтæн  хæрзбон дзурын  уарзондзинадæй  æмæ сын мæ  зæрдæ зæгъы,  цæмæй  тагъд  æрцæуой  афтæ бæллиццаг   уæлахиздзинадмæ», –  фыссы   Григол Вашадзе  «Фейсбукы».