Гиорги Маргвелашвили – Гуырдзыстонæн  Китайы  тынгад, сидт нæ фæлæ ма  егъау  фадат у
Гиорги Маргвелашвили – Гуырдзыстонæн Китайы тынгад, сидт нæ фæлæ ма егъау фадат у

Гуырдзыстонæн Китайы  тынгад  у  стæм  æмæ егъау  фадат   – уый фæдыл  Гуырдзыстоны президент  Гиорги Маргвелашвили, Китайаг  агентад  «Синьхуаимæ» интервьюйы рæстæджы.

Гиорги Маргвелашвилийы  ныхæстæм  гæсгæ,   Гуырдзыстон цæттæ у,  Китайимæ фæарфдæр кæна  æмкуысткæнынады  алы  сферæйы.

«Мах Китайы  тынгадмæ кæсæм  куыд дунейæн  стæм æмæ егъау  фадат. Растдæр  уый  тыххæй  бафыста Гуырдзыстон  ивгъуыд азы  уæгъдибар базарады фæдыл бадзырд,» –  загъта Гуырдзыстоны президент.

Гиорги Маргвелашвилийы  ныхæстæм гæсгæ,  Китай  нысаниуæгджын  æмæ цымидисон хъазæг у  глобалон  политикъæ   æмæ  экономикæйы  æмæ  йæ къух  аразы  дунейы  сабырад  æмæ стабилондзинады æрфидарæн.

«Æндæр æмæ æндæр нациты æхсæн   экономикон кæнæ куыльтурон   диалогы  кой  куы  кæнæм,  уæд нæй  гæнæн æмæ  Китайы  тыххæй  мацйы зæгъæм,   кæцы  экономиконæй,  демографионæй  æмæ æфсæддон цæстæнгасæй у  иуæй-иу  сегасæй  тыхджындæр  паддзахад» –  райхъусын кодта Гуырдзыстоны президент.

Гиорги Маргвелашвилийы  аргълæвæрдæй,    Гуырдзыстоны æмæ Китайы  æхсæн   ахастытæ  раст æрдæм  тынг  кæнынц.  Йæ  аргълæвæрдæй,   дыууæ  бæстæйы иу кæны  æууæнкыл бындурæвæрд,  продуктвион политикъон, экономикон æмæ культурон  партнерад.  Уый ма афтæдæр банысан кодта, цæмæй   Китайы  æххуыс  Гуырдзыстонæн  у   иттæг нысаниуæгджын,  ИНО-йы Китайы ролы зæрдыл даргæйæ.

Гуырдзыстоны президент   афтæдæр   фæныхас кодта Китайимæ  иумæйаг проектытыл  тыххæй, сæ нымæцы  «ИУ Рон , Иу Фæндаджы»  фæдыл.

«Кæд  æркæсдзыстæм инициативæ «Иу Рон, Иу Фæндаджы»  фæлгæтты  проектытæм, уæд  ссардзыстæм тынг бирæ маршрут.  Фæлæ  Гуырдзыстоны фæндаг у сеппæтæй  æнцондæр æмæ  цымидисонб» – банысан кодта  Маргвелашвили  æмæ  бафтыдта ма, цæмæй  Гуырдзыстон зæгъгæ   уый  хъом  у  цæмæй   базарадон   маршрутты  диверсификаци  баахъаз кæна.