Гиорги Гахариа, Майя Цкитишвили æмæ Леван Давиташвили, Панкисы Комы акцийыхайадисджытимæ æхгæд форматы фембæлд аразынц
Мидхъуыддæгты министр Гиорги Гахариа Панкисы Комы акцийы хайадисджытимæ, æхгæд дуары форматы, камерæтæй цух фембæлд уадзы. Фембæлды рæстæджы иуæй-иу бынæттоны хæдзары Гахариаимæ иумæ сты регионалон райтынгы æмæ инфраструктурæйы министр Майя Цкитишвили æмæ æрдзы хъахъхъæды æмæ хъæууон хæдзарады министр Леван давиташвили.
Уæдмæ Гиорги Гахариа Панкисы Комы уавæримæ бынатыл æрзонгæ ис. МХ министры дзырдæй, зæгъгæ спецназы дзуаппон реакци уый расайдта, æмæ цæрджытæ сыл дуртæ æхсын райдыдтой, министры фидиуæнæй, уый зæгъгæ æнæруадзгæ у æмæ йыл реакци уыдзæн тызмæг.
Гахариа куыд райхъусын кодта афтæмæй, специалон нысаниуæгы балы æмæ акцийы хайадисджыты æхсæн быцæудзинады рæстæджы 15 барадхъахъхъæнæг фæцæф ис.
Спецназы æмæ акцийы хайадисджыты рæстæджы цалдæр адæймаг фæцæф ис, куыд акцийы хайадисджытæ, афтæ барадхъахъъхæнджытæ æмæ журналисттæ. Ис дзы ахстгондтæ дæр, фæлæ сæ нымæцы фæдыл официалон информаци нæ хæлиу кæны.
Панкисы Комы бынæттон цæрджыты æмæ сипециалон нысаниуæгы балы æхсæн радон быцæудзинады рæстæджы цалдæр адæймаг райста зиан, сæ нымæцы ис журналисттæ дæр.Акцийы хайадисджытæ спецназы балыл дуртæ æмæ лæдзгуытæ æхсынц, æрымбырдуæвджыты ныхмæ та спецназы балы минæвæрттæ цæссыгуадзæн газ æмæ резинæйæ нæмгуытæй спайда кодтой. Бынæттонтæ ГЭС-ы арæзтад протест кæнынц.