Фæсарæн хъуыддæгты министрад -  Тъогойы  æрцахстуæвæг  наудзог  Отар Вардидзе сæрибар у
Фæсарæн хъуыддæгты министрад - Тъогойы æрцахстуæвæг наудзог Отар Вардидзе сæрибар у

Тъогойы  æрцахстуæвæг  гуырдзиаг наудзог  Отар  Вардидзе  сæрибар у.  Уый  æввахс  иу сахатмæ  Батумы  йæ бинонтимæ фембæлдзæн.  Уый фæдыл   Гуырдызстоны мидхъуыддæгты  министрады  райхъусын кодтой.

«Фæсарæн хъуыддæгты  министрады æмæ  Грецийы   Гуырдзыстоны минæварады   тыхархайдæй,   Грецийы  тырысайы бын ленкæнæг  науæй   скъæфт  гуырдзиаг  наудзог Отар Вардидзейы   ссæрибар кодтой æмæ   уый  ныридæгæн уæвы  Гуырдзыстоны. Наудзогы  скъæфты фæдыл информацийы  райстæй уайтагъд,  фæсарæн хъуыддæгты министрад  денджызон транспорты агентадимæ  иумæ,  координиргонд куыст бакодта  алы æрдæм, сæрмагондæй  та,  активон   куыст кодтам  Грецийы  минæварады  фæрцы  науы бардарæг компаниимæ, Тъогойы фарсимæ  куыста  нæ  минæварад Хуссар  Африкæйы республикæйы, афтæдæр æнæаскъуынгæ коммуникаци уыд  скъæфтгонды бинонтимæ» – банысан кодта  фæсарæнсхъуыддæгты министрады  минæвар  Владимер Константиниди.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   цæугæ азы  денджызон транспорты  агентадимæ  координиргонд куыстæй,  баххуыс  сты   25 гуырдзтиаг наудзогæн  дунейы  æндæр æмæ æндæр регионы.

Бакой  уын кæндзыстæм,   2019   азы  4 ноябры Тъогойы,  с. Ломэйы  портæй  18  километры,  гарзджын деджызы  абырджытæ   балæбурдтой   Грецийы  тырысайы бын ленкæнæг   танкъер  «Элка  Аристотле»-мæ (Elka Aristotle). Лæбурды  фæстиуæгæн, æндæртимæ иумæ    амынæты скодтой    гуырдзиаг   наудзог Отра Вардидзейы.