Фæсарæн хъуыддæгты министрад -  минæвæрттæм лæбурд уыцы паддзахадты æфхæрд у, кæцыты минæвæрттæ сты, ноджы иу хатт  фауæм, Германийы  минæвары æрдæм арызт  комментариты
Фæсарæн хъуыддæгты министрад - минæвæрттæм лæбурд уыцы паддзахадты æфхæрд у, кæцыты минæвæрттæ сты, ноджы иу хатт фауæм, Германийы минæвары æрдæм арызт комментариты

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад, Гуырдзыстоны Евроцæдисы  мисси Евроцæдисы цы фидиуæн ахæлиу кодта,  уымæн дзуапп дæтты.

Уагдоны  фидиуæны  дзырдæуы,  цæмæй  ноджы иу хатт  бæлвырд кæнынц  Гуырдзыстон æмæ фæсарæн хъуыддæгты министрады  цыт  бæстæйы  аккредитацигонд  дипломативон   корпусы æмæ  æхсæнадæмон мисситы минæвæрттæм.

«Нымайæм, цæмæй  растдæр   сæ  намысджын куыст  æмæ  профессионализм   нысаниуæгджын  хайбавæрд æмæ æххуыс кæнынц  нæ бæстæйæн  рæзынады,  арæзты æмæ  Гуырдзыстоны   хæлар ахастытæ фæарфæды  хъуыддаджы   нæ партнер   паддзахадты æмæ   æхсæнадæмон организацитимæ, афтæдæр  бæстæйы  позитивон имидж фæфидар кæныны.

Алчидæр дзæбæх хъуамæ  бамбара, цæмæй фæсарæйнаг  минæвæрттæ   æвдисынц сæрмагонд бæстæты ахаст/позицитæ нæ бæстæйы æрдæм,  æмæ   уый тыххæй  дæр уыдонмæ лæбурд у  ацы паддзахадты  æфхæрд. Минæвæртты куыст  растдæр уыцы стыр хæлардзинады æмæ   парнерады тæмæн у, кæцы  Гуырдзыстонæн азты дæргъы  сырæзтис  æхсæнадæмон   æмгарадимæ.

Сæ нымæцы  ис Германи, кæцыимæ нын ис  бæрзонд æмвæзады   партнерад, кæцы  фæстаг  дæргъы   сæрмагондæй  фæфидар ис.   Германи стыр  роль сыххæст кодта  Гуырдзыстоны  куыд демокративон, афтæ  экономикон  рæзынады   процессы.  Алкæмæн нæ зæрдыл лæууы   нæ бæстæйы  хæдбарады  фыццаг азты  Германийы  хъæддых  æххуыс, куыд дыууæфарсон, афтæ  бирæфарсон  форматты.  Ацы  æххуыс  дарддæр кæны абон дæр æмæ  æрвылайзонæй  фидардæр кæны нæ  бæстæйы  ахæм фундаментон    фарстаты, цахæмдæр  у  суверенитет æмæ   территорион æнæхъæндзинад, афтæдæр евро-атлантикон   интеграци», –   банысангонд у  фидиуæны, æмæ  ма дзырдæуы, цæмæй  фæсарæн хъуыддæгты министрад ноджы иу  хатт фауы  Гуырдзыстоны хæлар  бæстæ, – Германийы  Федеративон  Республикæйы   минæвары æрдæм  арызт комментаритæ.

«Цытджын Хуберт Книрш, сæрмагонд бæстæйы  аккаг  минæвар у  æмæ  бæрзондпрофессионализмæй  архайы  Гуырдзыстоны æмæ Германийы  æхсæн партнерад фæарфдæр кæнынæн æмæ нæ бæстæйы  Ныгуылæнимæ æрыввахсæн.

Нымайæм, цæмæй  минæвары  ныхмæ  ахæм æфхæрæн    æмæ хахуырхæссæг кампанийæн йæ нысан у нæ  бæстæйы,  антиныгуылæйнаг  равг  сцырын  кæнын.

Уагдонæн  нæрайсгæ  сты  ахæм  æнæбæрнон  митæ,  кæцыты  хъыгагæн  дипломативон корпусы  æрдæм  фæстаг периоды  уынæм,   политикъты, медийы, кæнæ æхсæнады  хицæн  минæвæртты æрдгæй.

Гуырдзиаг дипломатты номæй,  йæ фарс  хæцæм  нæ  бæстæйы  архайæг дипломаттæн  иууылдæр  сæ  профессион   куысты æххæст кæнынæн», –  дзырдæуы Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады  фидиуæны.